"Ты супер!"-ы фæскулисты: Гæбæраты Арина акафыд Хонгæ

Рафыссын
Националон культурæйы изæры проект "Ты супер!"-ы хайадисæг Гæбæраты Арина сæххæст кодта ирон кафт Хонгæ

Проект "Ты супер!"-ы хайадисджытæ æрмæст репетицитæ æмæ æвзæрстон концерттæм цæттæгæнæн куыст нæ кæныц, фæлæ сæ сæрибар рæстæг æрвитынц æнæформалон уавæры, дзурынц сæхи æмæ цы регионы кад хъахъхъæнынц, уый культурæйы тыххæй.

Арина Габараева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik бакодта хъӕлӕскӕнынад "Ты супер!"-ы хайадисӕг Гӕбӕраты Аринайӕн

Сабаты, 25 марты 20:00 сахатыл æвдыст цæудзæн вокалон шоу "Ты супер!"-ы æвзæрстон концерт, цы ран фендзыстæм хуссарирыстойнаг хайадисæджы дæр.

Æрыгон чызджы ралæуд фенæн уыдзæн информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны сайтыл æмæ канал НТВ-йыл.

Телеканал НТВ ӕмӕ информацион агентад ӕмӕ радио Sputnikы проект "Ты супер!" ратдзӕн фадат курдиатджын сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ аззадысты ӕнӕ ныййарджыты ӕвджидӕй, сӕ курдиат равдисын ӕмӕ стыр сценӕмӕ фӕндаг айгӕрдынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0