Бибылты Анатолий: уæлахизæй мын эйфори нæй

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенттæм кандидат Бибылты Анатолий загъта, кæй нæ дызæрдыг кодта æвзæрстыты йæ уæлахизыл ӕмӕ банысан кодта, разӕй йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы серьезон куыст.

Дзауы район æмæ Цæгат Ирыстоны фадгуытæй дарддæр бюллетентæ банымайыны фæстиуджытæм гæсгæ, фæуæлахиз парламенты спикер Бибылты Анатолий, кæцы райста æвзарджыты 57,9% хъæлæсы.

"ЦӔК фехъусын кодта фæстиуджытæ æмæ кæд уыдон чысыл хицæн кæнынц мах бæрæггæнæнтæй, уæддæр бæлвырд кæнынц нæ уæлахиз фыццаг туры. Уæлахизæй мын эйфори нæй. Тынг хорз æмбарын, цы бæрндзинады уæргъ æрбадт ме ′уæхсджытыл, цас куыст хъæуы бакæнын, цæмæй сæххæст кæнæм æвзарджытæн лæвæрд ныфсытæ æмæ среализаци кæнæм нæ адæмы куырдиæттыл арæзт программæ", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0