Куыд ацыд "Музейты æхсæв" Хуссар Иры

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дыккаг хатт ацыд акци "Музейты æхсæв". Бакæсут Sputnik видеойы, куыд ацыд ацы акци республикæйы Национ музейы

Хуссар Ирыстоны Национ музейы йæ дуæрттæ бакодта изæры аст сахатыл. Уазджытæн, кæцытæ ацы аз уыдысты цалдæр сæдæйы, æрцæттæ кодтой уæлибыхтæ, уыдонæй уыд бынаты ацаходыны фадат. Афтæ ма акцийы хайадисджытæн æрцæттæ кодтой æцæг ирон бæгæны, кæцы тынг фæцыд уазджыты зæрдæмæ.

Программæйæн йæ зынгæдæр хай уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, "цыкурайы фæрдыг", кæцыйæн ис алæмæттаг тых. Уый равдисынц æрмæстдæр иу хатт афæдзы мидæг, кæй фæнды, уымæн вæййы фадат бацæуын æмæ йыл арм авæрын, фæндтæ сæххæсты ныфсæн.

Музеймæ æрбацыд президент Бибылты Анатолий дæр, кæцы раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ загъта, ацы традицион акци кæй цайдагъ кæны адæмы, уæлдайдæр та фæсивæды, культурæ æмæ адæмон хæзнатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0