МПЮА цæттæ у Хуссар Ирæн юристтæ цæттæ кæнынмӕ

© Пресс-служба ПосольстваМПЮА-йы кусджытæ æмæ Хуссар Ирыстоны минæвары фембæлд
МПЮА-йы кусджытæ æмæ  Хуссар Ирыстоны минæвары фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлдæр ахуырадон уагдон æмæ Хуссар Ирыстоны æмгуыстады перспективæтыл дзырд цыд МПЮА-йы кусджытæн Хуссар Ирыстоны минæваримæ фембæлды рæстæджы.

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Кутафины номыл Мæскуыйаг паддзахадон юридикон академийы кусджытæ Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыримæ фембæлды рæстæджы æрдзырдтой песпубликæимæ æмгуыстады перспективæтыл, фехъусын кодтой дипминæварады пресс-службæйы.

"Ныхасы рæстæджы фарсытæ бахахх кодтой æмгуыстады æнæмæнгхъæуæгдзинад æмæ æрдзырдтой алыгъуызон къабазты æмгуыстады перспективæтыл, уый нымæцы Хуссар Ирыстонæн МПЮА-йы ахуырад райсыны тыххæй квотæтæ рахицæн кæныны фадæттыл", — банысан кодтой минæварады.

Минæвар ацы æнхъарæн банымадта хорзыл æмæ сразы, цæмæй уагдоны фæзуатыл минæварад уадза культурон æмæ информацион мадзæлттæ, алыгъуызон экспозицитæ æмæ форумтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0