Тыбылты Леонид: Ирыстонӕй фӕхъуыд куырыхон ӕмӕ иузӕрдион къухдариуӕггӕнӕг

© Пресс-служба президента и правительства Ӕгъуызарты Тамерлан ӕмӕ Тыбылты Леонид
Ӕгъуызарты Тамерлан ӕмӕ Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг амард пневмонийы фӕстиуӕгӕн мӕскуыйаг клиникӕтӕй иуы.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны стыр хъыгзӕрдӕйӕ сӕмбӕлдысты Цӕгат Ирыстон — Аланийы сӕргълӕууӕг Ӕгъуызарты Тамерланы ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзианы трагикъон хабарыл, загъта президент Тыбылты Леонид.

"Тамерлан Кимы фырты амӕлӕтимӕ Ирыстонӕй фӕхъуыд куырыхон ӕмӕ хæрзном къухдариуӕггӕнӕг, йӕ бӕстӕйы ӕцӕг патриот", — загъта президент.

Тыбылты Леонид бахахх кодта, Ӕгъуызарты Тамерлан ын кӕй уыд æууæнкджын ӕмӕ иузӕрдион ӕмгар.

Ног хабӕртты лентӕ
0