Операци "Æ" æрæмбырд кодта æрдæг милуан сомæй фылдæр

© Sputnik / Аида Гагиева"Операци Æ"
Операци Æ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæрæзтæ хардз æрцæудзысты популярон мультфильмтæ ирон æвзагмæ тæлмац кӕныныл. Ныридæгæн цæуынц бадзырдтӕ ацы мультфильмты барты хицæуттимæ.

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Гуырахстджын хæрзаудæн акци "Операци "Æ" æрæмбырд кодта æрдæг милуан сомæй фылдæр, хъусын кæны газет "Слово".

Ирон тырысайы хуызтӕй конд къухылдӕрӕнтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр" бамбал ис акци "Æ"-мӕ

Хæрзаудæн акци цыд Хуссар ӕмӕ Цæгат Иры, афтӕ ма Уæрæсейы горæтты, йӕ фӕлгӕтты уæй цыдысты ирон тырысайы хуызтӕй конд къухылдарæнтæ. Хæрзаудæн акцийы фæрæзтæ здæхт æрцæудзысты ирон æвзагмæ популярон мультфильмтæ ратæлмац кæныны нысанмæ.

РЦИ-А националон культурæ, хъæзтытæ æмæ спорты хуызты федерацийы къухдариуæггæнæг Дидарты Сослан куыд радзырдта, афтӕмӕй ма акцийы æмрæнхъ ацыд бафарст дæр, кæцы равдыста, адæмы цы мультфильмтæм фӕнды кæсын мадӕлон ӕвзагыл, уый.

"Респондентты хъуыдымæ гæсгæ иууыл популярондæр у "Ну, погоди!". Уымæ кæсынц скъоладзауты 29,3%, студентты 34,5%, æмæ хистæр кары адæмы æртыккаг хай — 33,8%. Уый фæстæ цæуы мультфильм "Маша и медведь", æртыккаг бынатыл та ис "Смешарики", — радзырдта Сослан.

Уый куыд банысан кодта, афтӕмӕй ныридæгæн цæуынц бадзырдтӕ ацы мультфильмты барты хицæуттимæ ӕмӕ чизоны сӕ кæцыдæр серитæ ивд æрцæуой ирон æвзагмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0