Хуссар Иры Профцæдистæ æнхъарынц цӕрджытӕн аслам балцæгтæ

© Sputnik / Сергей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæХъырым
Хъырым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады æххуысæй æрдæг аргъыл Нагутнийы хосгæнæндоны баулæфдзысты 30 адæймаджы, Ирыстоны дыууæ хайы профцæдисты ‘хсæн бадзырдмæ гæсгæ та Уæрӕсейы курортты баулæфыны аргъ уыдзæн 20% асламдӕр.

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Профцæдистæ аргъцухӕй уæй кæнынц балцæгтæ Ирыстоны æмæ Уæрæсейы кæцыдæр регионты улæфæндæттæм, фехъусын кодта Sputnik РХИ Профцӕдисты советы сӕрдар Джергаты Жанна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иууыл аслам аргъыл балцæгтæ сты хосгæнæн улæфæндон "Нагутни"-мæ, уым дæс боны дæргъы баулæфæн ис 10 мин сомӕй.

"Мах бахатыдыстæм хицауадмæ æмæ нын ныфс бавӕрдтой, 30 адæймагæн сæ улæфты хæрдзты æмбис кæй бафиддзысты. Уый хыгъд 2008 азы хæсты зианбаййафæг адæм, Стыр фыдыбæстӕйон хæсты хайадисджытæ æмæ куысты ветерантæн ацы улæфæндоны дӕс боны улæфт слæудзæн æрмæст фондз мин сомы", — банысан кодта Жанна.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, кæд æргътæ уæлæмæ цæуынц, уæддæр улæфæндоны къухдариуæгад балцæгтӕ нӕ фӕзынаргъ кодта. Афтӕ ма улæфæндон "Нагутни"-йы нырма дæр электронон рухс кæй нæй, уый æвзæрын кæны зындзинæдтæ.

Санатори Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хосгæнæн "Нагутни" улæфты сезон бакæндзæн июлы райдайæны

Уымӕй дарддӕр ма Хуссар Иры Профцæдистæм фадат ис балхæнын балцæгтæ Цæгат Ирыстоны "Тамиск", "Урсдон" æмæ Уæрæсейы регионтæ — Ессентуки, Железноводск, Хъырым, Туапсе æмæ æндæр улæфæндæттæм. Балцæгтӕ Ирыстоны дыууæ хайы профцæдисты ‘хсæн бадзырды фæрцы уæй цæуынц сæ ӕргътæй 20% асламдӕрӕй.

"Сау денджызы былыл Туапсейы районы улæфæндонмæ нæм ис балцæгтæ 15 мин сомыл. Ацы аргъы сты фæндагон хæрдзтæ дæр æмæ фараст боны дæргъы улæфт. "Урсдон"-ы та 10 боны улæфты фæкъаддæргонд аргъ у 16 минæй чысыл фылдæр", — загъта Джергаты Жанна.

Советы сӕрдар ма куыд радзырдта, афтӕмӕй "Нагутни" æмæ "Урсдон" улæфджыты исынц сентябрьмæ, аннæ курорттӕ та кусынц æнæхъæн азы дæргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0