Хуссар Ир хоны донаг бизнес республикӕмӕ инвестицитӕ саразынмӕ

© Официальный портал Правительства Ростовской областиВстреча посла РЮО в РФ Гассиева с губернатором Ростовской области Голубевым
Встреча посла РЮО в РФ Гассиева с губернатором Ростовской области Голубевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг инвестортӕн аразынц уӕлбар уавӕртӕ – уыдон нымӕцы ӕнӕпроцентон фиддонон ставкӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон хоны УФ Ростовы областы бизнес-ӕмбалады республикӕмӕ инвестицитӕ саразынмӕ.

Ӕмгуыстады фарстытыл къуырисӕры уынаффӕ кодтой Ростов-на-Донуйы губернатор Василий Голубев ӕмӕ РХИ ӕххӕстбарджын минӕвар УФ-йы Гасситы Знауыр, хъусын кӕны Ростовы областы официалон сайт.

Посол РЮО в РФ Знаур Гассиев и губернатор Владимирской области Светлана Орлова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Владимиры область бадзырдтой ӕмгуыстады тыххӕй

Хуссар Ирыстоны минӕвар ӕрбавдыста ӕмгуыстады цалдӕр здӕхты. Уыдон нымӕцы уникалон минералон ратӕдзӕнтӕ ӕмӕ ӕрдзон тобӕгонд бынӕттӕ, кӕцытӕ дӕттынц фадат республикӕйы территорийыл нырыккон хосгӕнӕн уагдӕттӕ саразынӕн. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ма ис фадат фарелгӕсагон хӕдзарӕдтӕ, урсаджы продукци уадзӕн кондадтӕ саразынӕн.

Гассийы фырт банысан кодта, республикӕйы разамынд уӕрӕсейаг инвестортӕн кӕй аразы уӕлбар уавӕртӕ — уыдон нымӕцы ӕнӕпроцентон фиддонон ставкӕ, хицауады ӕрдыгӕй ӕххуыс коммуникацитӕ бауадзыны хъуыддаджы, ног кондадтӕ зӕронд кондадты бынӕтты ӕрӕвӕрыны фадӕттӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр преференцитӕ.

Хуссар Ирыстоны минӕвары ӕнхъарӕнтӕ бацымыдис кодтой регионы сӕргълӕууӕджы, губернатор ныфс радта, областы разамынд кӕй фӕахъаз уыдзӕн донаг бизнесы ӕмгуыстадмӕ ӕрбахоныны хъуыддаджы.

"Нӕ дызӕрдыг кӕнын, кӕй ссардзыстӕм фадӕттӕ ӕмӕ кӕй сараздзыстӕм конкретон къахдзӕфтӕ ӕмгуыстад фӕуӕрӕхдӕр кӕныны фӕдыздӕхты", — банысан кодта Василий Голубев.

Уый бахаста фӕнд, цӕмӕй ирыстойнаг фарс бацӕттӕ кӕна конкретон ӕнхъарӕнты пакет амалиуӕггӕнджыты ӕмгуыстадмӕ ӕрбахоныны тыххӕй. Голубевы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, областы экономикӕйы министрад бацӕттӕ кӕндзӕн донаг амалиуӕггӕнджыты бизнес-мисси Хуссар Ирыстонмӕ. Хъуыддагон контакттӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныны хъуамӕ райсой хайад областы Базарадон-сӕудӕджерадон палатӕ ӕмӕ областон корпораци "Развитие", нымайы регионы сӕргълӕууӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0