Уӕрӕсе рӕстагыл нымайы Хуссар Иры позици йӕ территорийыл транзиты фӕдыл

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæОфициальный представитель министерства иностранных дел России Мария Захарова
Официальный представитель министерства иностранных дел России Мария Захарова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны территорийыл транзитон уӕргътӕ ласыны фарстӕн аскъуыддзаггӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Цхинвалимӕ бадзырдты столыл, банысан кодта Мария Захарова.

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Уӕрӕсе нымайы рӕстагыл Хуссар Ирыстоны позици йӕ территорийыл уӕргъты транзиты фӕдыл, кӕцыйӕн аскъуыддзаггӕнӕн ис республикӕйы хицӕуттимӕ бадзырдтӕ ауадзыны фӕрцы, хъусын ӕкны РИА Новости УФ ФХМ-ы минӕвар Мария Захаровайы ныхӕстӕ.

Контролон-уадзӕн пункт Уӕллаг Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир Сомихстонӕй ницы куырдиат райста уӕргъты УФ-мӕ транзиты тыххӕй

Амӕй размӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад фехъусын кодта, республикӕйы территорийыл Уӕрӕсейӕ Гуырдзыстонмӕ уӕргъты транзиты фарстӕн аскъуыддзаггӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр республикӕйы хицӕуттимӕ бадзырдтӕ ауадзыны фӕрцы.

"Хуссар Ирыстоны ацы позици у бынтон законон", — банысан кодты Захарова.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн 2011 азы бадзырд кӕй нӕ аразы хӕсист ӕртыккаг фарсытыл.

"Таможнӕйон уынаффӕйад ӕмӕ мониторингы мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны территорийыл. Транзитон маршруттыл уӕргътӕ ласыны уавӕртыл та хъуамӕ уагъд ӕрцӕуой уӕлӕмхас уыныффӕтӕ ӕмбӕлон транзитон бӕстӕтимӕ", — загъта ӕддагполитикон ведомствӕйы минӕвар.

Ӕмрӕстӕджы уый банысан кодта, "нырма уал ацы уынаффӕтӕ, ӕвӕдза, уаиккой рагагъоммӕ".

"Фыццаджыдӕр уал хъӕуы срӕвдз кӕнын уӕрӕсейаг-гуырдзыстойнаг бадзырды фӕлгӕтты мониторингон механизм. Уӕрӕсейаг фарс ӕнхъардта уый саразын иу азы размӕ дӕр. УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Григорий Карасин ӕмӕ Гуырдзыстоны премьер-министры сӕрмагонд минӕвар Зураб Абашидзейы уынаффӕтӕ дӕттынц ныфс, марты кӕрӕтты (Швейцарийы ӕмархайдӕй куы сӕндидза ацы фарсты фӕдыл диалог) гуырдзиаг партнертӕ кӕй равдисдзысты ӕмбӕлон конструктивондзинад", — равдыста ныфс УФ ФХМ информаци ӕмӕ мыхуыры департаменты директор.

Ног хабӕртты лентӕ
0