"Лӕвар 23-ӕм февральмӕ": Хуссар Иры улӕфдзысты цыппар боны

© Sputnik / Ада БагианПарад победы в Цхинвале
Парад победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбӕтты къӕлиндармӕ гӕсгӕ, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны хӕдфӕстӕ цӕуынц ӕртӕ улӕфт боны.

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн улӕфдзысты цыппар боны — 23-26 февралы, фехъусын кодта Sputnik президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы минӕвар Дзуццаты Тамара.

"2017 азы бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ улӕфт бонты къӕлиндармӕ гӕсгӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон банысан кӕныны тыххӕй РХИ хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ 23 февралӕй 26 февралы онг нымад цӕуынц улӕфт бонтыл", — банысан кодта Дзуццаты Тамара.

Ногазон бӕрӕгбонон бонтӕй цалдӕр кӕй ӕрхаудтой улӕфт бонтӕм, уый тыххӕй хуыцаубон, 1 январь ахаст ӕрцыд 24 февральмӕ, майрӕмбонмӕ. 7 январы бӕсты та (ӕрхаудта сабатмӕ) цӕрджытӕ баулӕфдзысты 8 майы, Уӕлахизы боны размӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0