Цыппар адӕймаджы бахаудтой рынчындонмӕ аварийы фӕстиуӕгӕн

© Руслан ТадтаевДТП в Цхинвале
ДТП в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аварийы архайджыты фӕхӕццӕ кодтой рынчындоны травматологийы хайадмӕ, сӕ цардӕн ницы тас у, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны республикон рынчындоны.

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Дыууӕ хӕдтулгӕ кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты Советон ӕмӕ Плиты Иссӕйы (раздӕры Островскийы) алвæндагыл, аварийы фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ бахауд цыппар адӕймаджы, фехъусын кодтой Sputnik цауы ӕвдисӕнтӕ.

Кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты "Нива" ӕмӕ ВАЗ-21012-ы маркӕйы машинӕтӕ. Машинӕты бадт фӕйнӕ дыууӕ адӕймаджы.

Республикон рынчындоны загътой Sputnik, аварийы зианбаййафджыты бакодтой рынчындоны травматологийы хайадмӕ, сӕ цардӕн ницы тас у.

© Руслан ТадтаевФТЦ Цхинвалы
ДТП в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФТЦ Цхинвалы
Ног хабӕртты лентӕ
0