Ӕхсӕз филологӕн фӕлварӕн дӕтдзысты президенты бынатмӕ кандидаттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянБелла Плиева
Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ЦӔК сфидар кодта паддзахадон ӕвзӕгты фӕдыл лингвистон къамисы сконд. Уырдӕм бацыдысты ахуыргӕндтӕ ӕмӕ зындгонд филологтӕ – Плиты Гацыр, Битарты Зоя, Тыбылты Инга, Остъаты Джульетта, Тедеты Залина ӕмӕ Къӕбулты Заира.

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Централон ӕвзарӕн къамис сфидар кодта лингвистон къамисы сконд. Президенты бынатмӕ кандидатты зонындзинӕдтӕ ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтӕй фӕлвардзысты специалисттӕ ӕмӕ бӕрзонд квалификацийы ахуыргӕнджытӕ, фехъусын кодта Централон ӕвзарӕн къамисы сӕрдар Плиты Белла йӕ брифингы рӕстӕджы.

Председатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Белла: кандидатты минӕвӕрттӕ райдыдтой куырдиӕттӕ хӕссын ЦӔК-мӕ

Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ нысан ӕрцыдысты 2017 азы 9 апрелмӕ. ЦӔК документтӕ исдзӕн 5 мартмӕ.

"Къамис конд у дыууӕ хаййӕ — ирон ӕмӕ уырыссаг. Се ‘сконды ис фӕйнӕ ӕртӕ адӕймаджы, уыдон сты специалисттӕ ӕмӕ бӕрзон квалификацийы ахуыргӕнджытӕ. Ирон ӕвзаджы къамисы скондмӕ бацыдысты Плиты Гацыр, Битарты Зоя ӕмӕТыбылты Инга. Уырыссаг ӕвзагы къамисы сконды та сты: Остъаты Джульетта, Тедеты Залина ӕмӕ Къӕбулты Заира", — загъта Плиты Белла.

ЦӔК-ы нырмӕ регистрацигонд ӕрцыд фондз инициативон къорд ӕмӕ иу политикон парти, ӕзнон ма президентон амбициты тыххӕй фехъусын кодта Джиоты Анатолийы инициативон къорд дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0