Цӕгат Ирыстоны прокуратурæ домы 100 сайты сӕхгӕнын

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæСайт хакерской группы
Сайт хакерской группы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы сайтты æмæ социалон хызæгты ис, наркотиктæ æмæ зондахаст чи сафы, ахæм буаргъæдтæй пайда кæныны сидт

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны прокуратурæ домы, цæмæй рæзгæ фæлтæры цард æмæ æнæниздзинадæн тæссаг цы интернет-сайттæ сты, уыдон сæхгæной, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Прокуратура - Sputnik Хуссар Ирыстон
Прокуратурӕ ӕвзары милицийы кусджытӕ ӕмӕ 'нахъомты хыл

Ахӕм сайтты нымӕц ахызт сӕдӕйӕ, алкæйы фæдыл дæр тæрхондонмæ балæвæрдтой куырдиæттæ.

"Ацы сайтты æмæ социалон хызæгты ис, наркотиктæ æмæ зондахаст чи сафы, ахæм буаргъæдтæй пайда кæныны сидт. Уымæй уæлдай ма дзы фембæлæн ис экстремистон хъуыдытыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Прокуратурæ ма домы, фæсивæды хи амарынмæ цы ресурстæ кæнынц, уыдон дæр сæхгæнын.

Кæд æмæ Цӕгат Ирыстоны барадон органтæ зæгъынц, интернет тыгъдады аххосæй Цæгат Ирыстоны йæхи ничи амардта, уæддæр æхсæнад тыхсы рæзгæ фæлтæрыл, сæ зондахастыл. Интернеты социалон сайтты куыст дæр бæрæггонд уый тыххæй цæуы.

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0