Сӕдӕгай рӕстдинонтӕ Цхинвалы сӕхи бафӕдзӕхстой уаз Серафим Саровскийӕн

© Sputnik / Наталья АйриянИкона Серафима Саровского
Икона Серафима Саровского - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы сыгъдӕгӕй рӕстдинонтӕ курынц ӕнӕниздзинад, уарзондзинад ӕмӕ сабырдзинад. Уазныв Цхинвалмӕ ӕрластой епископ Леониды арфӕйӕ иу къуырийы ӕмгъуыдмӕ

ЦХИНВАЛ, 17 фев — Sputnik. Сӕдӕгай рӕстдинонтӕ Цхинвалы сӕхи бафӕдзӕхстой Сыгъдӕг Серафим Саровскийы уазнывӕн Иоанн Дзуарӕфтауӕджы кувӕндоны. Дзӕуджыхъӕуккаг Алайнаг епископы Леониды арфӕйӕ Цхинвалмӕ ӕрластой уазныв къуырийы райдайӕны, фехъусын кодта Sputnik Дзӕуджыхъӕуккаг Алайнаг епархийы динамонӕг, фыд Серги (Кокойты)

Массовое крещение в Южной Осетии. Кадры с реки Лиахва. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыд Иаков: республикӕйы цӕрджыты фылдӕр хай райста донаргъуыд

Сыгъдӕг уазнывмӕ скувӕн уыдзӕн Цхинвалы Иоанн Дзуарӕфтауӕджы кувӕндоны къуырийы кӕронмӕ.

"Сарӕзтам рад мемкусджытимӕ ӕмӕ ӕрвылбон дӕр аргъуаны дуӕрттӕ рӕстдинонтӕн сты гом, цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ бафӕдзӕхсой сӕхи. Изӕры авд сахатыл саразӕм скуывдтытӕ, уырдӕм ӕрбамбырд вӕййы зынгӕ фылдӕр адӕм. Уазныв Цхинвалы уыдзӕн къуырийы кӕронмӕ", — загъта фыд Серги.

Сыгъдӕг Серафим Саровскийы уазныв буары хӕйттимӕ митрополит Нижегородаг ӕмӕ Арзамассаг балӕвар кодта Дзӕуджыхъӕуккаг Алайанаг епархийӕн ивгъуыд азы ноябры, уӕдӕй фӕстӕмӕ уазныв ӕрзылд Цӕгат Ирыстоны аргъуантӕ ӕмӕ моладзандонтыл.

"Бирӕ адӕм кӕй фӕдзӕхсынц сӕхи ацы уазнывӕн, уымӕ гӕсгӕ та фӕстӕдӕр фӕнд кӕнӕм ракурын ӕмӕ та йӕ Цхинвалмӕ ногӕй ӕрхӕссын", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм уый.

Иоанн Дзуарӕфтауӕджы кувӕндоны арӕзтадмӕ бавнӕлдтой дыууӕ азы размӕ горӕтты цӕгаттаг фарс микрорайон Мӕскуыйагмӕ бацӕуӕны. Бӕстыхайӕн арӕзт ӕрцыдысты йӕ систӕ, аргъуан у дыууӕуӕладзыгон. Кувӕндон амайынц нывонд фӕрӕзтӕй. Ныридӕгӕн кувӕндоны ныккӕндон хатӕны, кӕцыйы фӕстӕдӕр сараздзысты аргъауӕндон, сӕ куыст кӕнынц динамонджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0