Гуырдзиаг арӕнсӕтджыты феддӕдуар кодтой Хуссар Ирыстонӕй

© Sputnik / Наталья АйриянАрӕн
Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕстаг мӕйы мидӕг Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны режим фехӕлдтой Гуырдзыстоны авд ӕмбӕстаджы, кӕцыты республикӕйы хицӕуттӕ фӕстӕмӕ феддӕдуар кодтой ӕмарӕн паддзахадмӕ

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Авд гуырдзыстойнаг арӕнсӕттӕджы, кӕцытӕ фехӕлдтой Хуссар Ирыстоны арӕны режим, лӕвӕрд ӕрцыдысты Гуырдзыстонмӕ. Уый размӕ уыдон бафыстой ивар арӕн фехалыны фӕдыл, загъта цыппӕрӕмы журналисттӕн Инциденттæ ма æруадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы фембæлды хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргълӕууӕг Санахъоты Дауыт.

Санахъоты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Санахъоты Дауыт: Арӕны цур цы ӕмбӕстӕгтӕ фесӕфт, уыдон сты Гуырдзыстоны

Аннӕ хӕттытау, та ацы хатт дӕр ИÆАМ-ы форматы фембӕлд уагъд цыд арӕнгӕрон хъӕу Эргнеты.

Санахъоты Дауыт радзырдта журналисттӕн, уалдзӕджы ӕрбалӕудимӕ кӕй хъӕуы бамбарын кӕнын арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕн, цӕмӕй уыдон ма кусой, арӕны хаххӕй хызт, зӕххы фадгуытыл.

Ахӕм цаутӕ уыдысты фарон. Арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕ куыстой зӕххы фадгуытӕ ӕмӕ иу рахызтысты снысангонд территорийӕ. Сӕрды та иу ӕрбахатыдысты, цӕмӕй сӕ бауадзӕм ӕрӕмбырд кӕнын арӕнгӕрон хаххы ӕддейӕ ӕрзайгӕ тыллӕг. Санахъоты Дауыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарон ацы фарсты арӕзтой цӕрджыты къух.

"Ацы аз мах нал бауаддзыстӕм тыллӕджы ӕнӕзаконон ӕфснайыны хъуыддаг. Уыдӕттӕ развӕлгъау аиувас кӕныны нысанӕн, арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытимӕ уагъд ӕрцӕудзысты ӕмбарӕн куыстытӕ, цӕмӕй зӕххы куыст кӕной ӕрмӕстдӕр мидӕггаг территорийыл", — загъта Санахъоты Дауыт.

Арӕны хахх нырма кӕронмӕ нысан нӕу. Фӕлӕ арӕны хахх бӕлвырд кӕнынц информацион амонӕгтӕ, кӕцы баххуыс кӕндзӕн бынӕттон цӕрджытӕн.

ИÆАМ-ы форматы радон фембӕлд уагъд ӕрцӕудзӕн 2017 азы 4 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0