Зассеты Сергей: мах бауарзын кæндзыстæм Хуссар Ирыстон туристтæн

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны территорийыл хæххон-къахкъæлæттон курорты арæзтад йæхимæ аздахдзæн инвесторты æмæ туристты хъусдард

Хуссар Ирыстоны æрдз иттæг хорз у спорты зымæгон хуызты райрæзтæн, хæххон къуылдымтæ Хуссар сты зулвахсдæр, миты æмбæрзæн та уалдзæджы дæр вæййы æрдæгметры бæрц, радзырдтой пресс-конференцийы хайадисджытæ.

Горный склон в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæххон-къахкъæлæттон туризм Хуссар Ирыстоны: баххуыс кæндзæн æрмæстдæр паддзахад

Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз комитет æмæ Хуссар Ирыстоны хæххон-къахкæлæтты спорты æмæ сноуборды Федераци бацæттæ кæндзысты фыццаг хæххон-къахкъæлæттон курорты арæзтады проект.

"Фыццаджыдæр саразын кæнын хъæуы канатон фæндаг, кæцы домы егъау фæрæзтæ паддзахады æрдыгæй. Ныфс нæ ис, нæ проект бахаст кæй æрцæудзæн инвестпрограммæмæ", — загъта Зассеты Сергей.

Спорты зымæгон хуызты райрæзтæй дарддæр ма, ис фадат активон сæрдыгон улæфты фадат дæр- бæхтыл, квадроциклыл тезгъотæ, рафтинг æмæ кæсаг ахсын. Хæххон-къахкъæлæттон курортæй та фидæны спайда гæнæн уыдзæн куыд спортсменты ахуырадон-тренировкæгæнæн базæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0