Хуссар Иры минæвар Днестргæроны ссис Виталий Янковский

© FacebookВиталий Янковский
Виталий Янковский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр рсепубликæйы интрестæ Днестргæроны хъахъхъæдта Сергей Сураго.

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны официалон минæварады сæргъ Днестргæрон Малдаваг республикӕйы æрлæууыд Виталий Янковский, хъусын кæны хуссарирыстойнаг ФХМ-ы пресс-службæ.

Янковскийы снысан кæныны фæдыл бардзырд 10 апрелы бафыста ФХМ сæргълæууæг Джиоты Мурæт.

Раздæр рсепубликæйы интрестæ Днестргæроны хъахъхъæдта Сергей Сураго.

Справкӕ

Янковский Виталий Валентины фырт райгуырд 1969 азы 29 апрелы.

1994 азы каст фæцис Одессæйы паддзахадон политехникон институт, 2000 азы — Днестргæроны паддзахадон университет, 2013 азы — Лобачевскийы номыл Нижегородаг паддзахадон университеты магистратурæ.

2014 азæй — Къухдариуæгады паддзахадон управленийы университеты аспирант (г. Мæскуы).

1996-2000 — æхсæнадæмон организациты фæдыл Днестргæроны Паддзахадон секретары уынаффæгæнæг

2000-2007 — Днестргæроны фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг.

2007-2009 — Днестргæроны Ӕдасдзинады Советы секретариаты хъахъхъæнынады фарстыты фæдыл управленийы къухдариуæггæнæг

2007-2011 — Республикæ Венесуэлаимæ æмгуыстады фарстыты фæдыл Днестргæроны президенты сæрмагонд æххæстбарджын.

2008 азы августæй ноябры онг уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны днестргæройнаг бархион аварион-ирвæзынгæнæг къорды командиры хуызы.

2010-2011 — Республикæ Молдоваимæ бадзырдты гуманитарон æххуысы фарстыты фæдыл экспертон къорды Днестргæроны президенты администрацийы минæвар.

2012-2014 — Днестргæроны хицауады аппараты къухдариуæггæнæг.

2014 азы октябры — Днестргоройнаг паддзахадон университеты уæрæсейаг — днестргæройнаг æмгуыстады центры директор.

Нысан у Республикæ "Хæларады орден", РХИ, Республикæ Абхаз æмæ Днестргæройнаг Молдаваг паддзахадон хорзæхтæй.

Ис ын цардæмбал, фырт.

Ног хабӕртты лентӕ
0