Африкӕйаг емынӕ цӕгъды хуыйы мыггаг Знауыры районы

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæАфрикӕйаг емынӕ
Африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Африкӕйаг емынӕ цӕгъды хуыйы мыггаг Знауыры районы. Низ апарахат ис Знауыры районы Чъимасы, Малдайы ӕмӕ Бехъмары хъӕуты

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы къорд хъӕуы хӕдзарон фос цӕгъды африкӕйаг емынӕ, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны африкӕйаг емынӕ фӕстаг хатт фӕзынд 2016 азы, уӕд ӕрмӕст Дзауы районы ацы низӕй аскъуыд 800 хуыйы, уый фӕстӕ низ апарахат ис Знауры ӕмӕ Цхинвалы районты. Ныр та рын фӕстӕмӕ раздӕхт Знауыры районмӕ.

"Низ фӕзынд Знауыры районы Чъимасы, Малдайы ӕмӕ Бехъмары хъӕуты. Цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхсӕз хуыйы амард, иннӕтӕ дӕр сты рынчын", — фехъусын кодта Оттаты Алена.

Африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы ӕбӕрӕг рын цӕгъды хуыты

Уый ма банысан кодта, 15 боны размӕ кӕй амард фыццаг хуытӕ.

Хъӕууон хӕдзарады министрады Sputnik загътой, проблемӕимӕ зонгӕ кӕй сты ӕмӕ ӕрмӕг сахуыр кӕнынмӕ арвыстой Уӕрӕсейы лабораторитӕм, фӕлӕ ныр дӕр йӕ миниуджытӕм гӕсгӕ бӕрӕг у африкӕйаг емынӕ кӕй у.

Уымӕй рӕзмӕ та рын республикӕйы хуыйы мыггаг ныццагъта 2010 азы кӕрон. Уӕд республикӕйы цӕрджытӕн африкӕйаг емынӕйӕ цы фос ныццагъды ис, уыдон ныхмӕ радтой фыстӕ. 2016 азы хъӕуты цӕрджытӕн рын цы зиан ӕрхаста, уый ныхмӕ ницы ӕххуыс райстой.

Ног хабӕртты лентӕ
0