Дзæуджыхъæуы зынгсирвæзты фæстиуæгæн басыгъд машинæ

© Sputnik / Алина Болатаева Сгоревший автомобиль во Владикавказе
Сгоревший автомобиль во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Машинæ ссыгъд дыццæджы Цæгат Ирыстоны столицæйы, зынгсирвæзты аххосæг ссис электоротелы цыбыр æхгæд

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Дзæуджыхъæуы, Штыбы фæзуатыл басыгъд автомашинæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæ.

Здание правительства Северная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстон гæнæн ис аззайа æнæ инвестицион нывæзтытæй

Ведомствæйы зонæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзты тыххæй хъусынгæнинаг æрбацыд дыццæджы райсом раджы. Сыгъдхуыссынгæнæн дæлхайæдтæ бынатмæ куы фæххæццæ сты, уæд сбæлвырд кодтой, кæй сыгъд автомашинæ "ВАЗ — 2114".

Зынгсирвæзты фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй, хъыгдард ма нæ баййæфтой хæстæг лæууæг машинæтæ дæр. Зынгсирвæзты аххосæг ссис электоротелы цыбыр æхгæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0