Гасситы Знауыр: Никарагуа у Хуссар Иры сæйраг æмцæдисонтæй иу Америкæйы

© Sputnik / Ада БагианПосол Южной Осетии в России Знаур Гассиев
Посол Южной Осетии в России Знаур Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Знауыр райста хайад Сандинистон адæмон революцийыл 38 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты Республикæ Никарагуайы минæварады

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар УФ-йы Гасситы Знауыр æмæ дипломатон миссийы кусджытæ райстой хайад Сандинистон адæмон революцийыл 38 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты. Мадзал уагъд цыд Республикæ Никарагуайы минæварады Мæскуыйы, хъусын кæны дипломатон уагдоны пресс-службæ.

Гасситы Знауыр ралæууыд арфæйы ныхасимæ республикæ Хуссар Ирыстоны номæй.

Города Мира. Каракас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Венесуэлӕ аиуварс кӕндзысты визӕйон формалондзинӕдтӕ

"Никарагуа у Хуссар Ирыстоны сæйрагдæг партнертæй æмæ æмцæдисонтæй иу Латинаг Америкæйы æмæ æппæт дунейы. Мах иу кæны æмхуызон цæстæнгас нырыккон дунескондмæ, кæцы бындуриуæг кæны адæмы бартæн цытлæвæрдыл. Хуссар Ирыстон алыхатдæр уыдзæн бузныг команданте Ортега æмæ æппæт Никарагуайы адæмæн нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, нæ бæстæйы хæдбардзинад нын кæй банымадтой", — загъта Гасситы Знауыр.

Официалон мадзалы уазджытæ ссисты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, Уæрæсейы аккредитацигонд дипломатон корпусы минæвæрттæ, афтæ ма Мæскуыйы æхсæнадон æмæ культурон организациты минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0