Хуссарирыстойнаг ӕвзонг дипломаттӕ фембӕлдысты Лавровимӕ Мӕскуыйы

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров
Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйы уагъд цӕуы ӕвзонг дипломатты цыппӕрӕм форум, хайад дзы исынц Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Ӕвзонг хуссарирыстойнаг дипломаттӕ фембӕлдысты Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровимӕ IV ӕвзонг дипломатты форумы Мӕскуыйы, хъусын кӕны РИА Новости.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕуджытӕ фембӕлдысты Мӕскуыйы

Мӕскуыйы 20-21 июлы уагъд цӕуы ӕвзонг дипломатты цыппӕрӕм форум, цыран хайад исынц алы ӕмӕ алы бӕстӕты минӕвӕрттӕ, се ‘хсӕн Абхаз, Сомихстон, Белорусси, Таджикистан, Узбекистан ӕмӕ Хуссар Ирыстон дӕр.

Министр банысан кодта, форумы фӕлгӕтты дискусситӕ кӕй сты ахъаз кӕрӕдзи хуыздӕр бамбарынӕн, сӕ фӕрцы ӕвзонг адӕм базондзысты сӕ партнерты ӕддагполитикон интерестӕ, фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты сӕ квалификаци.

"Ацы форумы фӕзынд хъуыды саразын ӕвзонг дипломатты ӕхсӕнадӕмон ассоциаци ӕмӕ ауадзын ӕддагполитикон уагдӕтты ӕвзонг кусджыты фыццаг ӕхсӕнадӕмон форум. Уый, мӕнмӕ гӕсгӕ, у тынг цымыдисон хъуыды. Махырдыгӕй цы хъӕуы саразын, уыдон иууылдӕр сараздзыстӕм", загъта фембӕлды рӕстӕджы Лавров.

Ацы азы форумы сӕйраг темӕ у "Информацион технологитӕ нырыккон дипломатийы". Мадзалы фӕлгӕтты йӕ хайадисджытӕ райсдзысты хатдзӕгон деклараци.

Ног хабӕртты лентӕ
0