Ирон-гуырдзиаг арæныл æрцахстой террористты æххуырсæджы

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæТеррорист
Террорист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азымгонд нæлгоймаг нывæндыд фылдæр уæрæсейаг æмбæстæгты исламы радикалон хуызтæм æрбаздахын æмæ сæ хæстон архæйдыты зонæмæ æрвитын

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы Цæгат Ирыстоны тыхон структурæты минæвæрттæ æрурæдтой астæуккаг Азийы республикæтæй иуы æмбæстаджы, кæцы архайы Сирийы уæвæг æнæзаконон хотыхджын дæлхайæдты сконды. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикон арæнгæрон управленийы прес-службæйы.

"Азымгонды раргом кодтой пассажирты æхсæн уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы. Мысæггаг ныхæстæ кæнгæйæ, ома цæуы Уæрæсемæ йæ хæстæджытæм, уый нывæндыд уæрæсейаг æмбæстæгты исламы радикалон хуызтæм æрбаздахын æмæ сæ Ӕввахсскæсæн регионмæ хæстон архæйдыты зонæмæ æрвитын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Азымгонд 40-аздзыд нæлгоймаг кæддæр уыд Казахстаны, цы ран уый бахауд салафитаг хуызы динон идеологты æндæвдады бынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0