Министр: Хуссар Иры МХМ фæкъаддæр кæндзæн йæ кусджыты нымæц 300-йы онг

© Sputnik / Наталья АйриянМВД
МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаджыдæр МХМ-ы штатон нымæцы оптимизаци бандавдзæн пенсион кары кусджытыл

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады штатон нымæц фæкъаддæры рæстæджы сæ куыстбынæттæ фесафдзысты ведомствæйы 300 кусæджы, фехъусын кодта майрæмбоны журналисттæн МХМ-ы сæргълæууæг Наниты Игорь.

Денежные купюры России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ-ы кусджытӕн 2017 азӕй фӕфылдӕр кӕндзысты сӕ фиддӕнтӕ

Министры ныхæстæм гæсгæ, фыццаджыдæр, оптимизаци бандавдзæн пенсион кары, афтæ ма йæ хæстæм æнæбары цæстæй чи кæсы, уыцы кусджытыл. Бахъуыды рæстæджы, МХМ-ы уагъд æрцæудзæн аттестаци.

"МХМ-ы штатон системæйы ивындзинæдтæ сты æнæмæнг. Оптимизацийы фыццаг фазæ фæуыдзæн ацы аз октябры æмæ ацæудзæн æнæрынæй. Ӕдæппæтæй сæ бынæттæй ист æрцæудзысты 300 адæймаджы", — загъта Наниты Игорь.

Министр ныфс бавæрдта, оптимизацимæ бахауæг кусджытæ кæй исдзысты уæрæсейаг пенситæ. Уый тыххæй МХМ-ы кусджытæй пенсийы чи цæуы, уыдон хъуамæ сæ куырдиат бахæссой Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады æмбæлон органтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0