Мæскуы хъынцъым кæны: ирæттæ сæвæрдтой дидинтæ 08.08.08 чи бабын, уыдон ном арынæн

© Sputnik / Михаил ВоскресенскийПамятные мероприятия у здания посольства Южной Осетии в России
Памятные мероприятия у здания посольства Южной Осетии в России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирæттæ ссыгъдтой цырæгътæ æмæ сæвæрдтой дидинтæ Хуссар Ирыстоны минæварады бæстыхайы цур августы цаутыл фараст азы сæххæсты боны агъоммæ

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны æрцæугæ трагикон цаутæн нывонд номарæн акци уагъд æрцыд республикæйы минæварады Уæрæсейы.

Дипминæварады бæстыхайы цур æркъул æрцыд паддзахадон тырыса — фæндзай адæймагмæ æввахс трагикъон датæйы агъоммæ æрбацыдысты ардæм, цæмæй ссарой гуырдзиаг хотыхджын къордты æрбалæбурды рæстæджы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ. Дипломатон миссийы кусджытæ ссыгътой цырæгътæ, цæмæй кæй фæнды, уыдон сæм сæвæрой дидинджытæ.

9 годовщина войны в августе 2008 года - Sputnik Хуссар Ирыстон
2008 азы августы хæсты амæттæгты мысыдысты Цхинвалы

Къуырисæры изæрæй Хуссар Ирыстоны минæварады кусджытæм æрбамбал сты уæрæсейаг ФХМ-ы минæвæрттæ, афтæ ма хуссарирыстойнаг диаспорæйы уæнгтæ. Дидинтæ ма сæвæрдтой æрыгон уæрæсейæгтæ дæр — змæлд "Молодая гвардия"-йы уæнгтæ.

Дидинтæ сæвæрыны фæстæ, акцийы хайадисджытæ иу уысм æдзæмæй алæууыдысты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссарынæн.

Абон ма, 11:00 сахатыл Чырысти Ирвæзынгæнæджы Аргъуаны (Дæллаг Аргъуаны) Мæскуыйы уагъд æрцыд панихидæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны фæмардуæвæг сабыр цæрджытæн, Цхинвалы хъахъхъæнджытæн, Фидауынгæнæг тыхты ирон æмæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты номарынæн.

Гуырдзыстойнаг ӕфсад Хуссар Ирмӕ райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Хæстон архæйдтытæ ахастой  фондз боны æмæ фесты агрессоры тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операцийæ. Агрессийы фæстиуæгæн фæмард сты 380 адæймаджы, уыдон нымæцы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ.

Ныппырх ис Хуссар Ирыстоны столицæйы фылдæр хай, афтæ ма цалдæр цæрæн пунктты

Ног хабӕртты лентӕ
0