Гуырдзыстоны парламенты экс-спикер: хæст райхæлдта Саакашвили

© Sputnik / Виктор Панов /  Ахизын медиабанкмæРазбитая боевая техника в городе Цхинвале, подвергшемся нападению грузинских войск
Разбитая боевая техника в городе Цхинвале, подвергшемся нападению грузинских войск - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстон абон дæр нæ басаст, 2008 азы августы хæст райдыдта уæды президент Михаил Саакашвили, фехъусын кодта Бурджанадзе.

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Гуырдзыстоны парламенты раздæры спикер Нино Бурджанадзе радзырдта RT, Хуссар Ирыстоны ныхмæ 2008 азы августы хæст кæй райхæлдта бæстæйы уæды президент Михаил Саакашвили.

Девятая годовщина: в Южной Осетии вспоминали жертв войны - Sputnik Хуссар Ирыстон
08.08.08: Хуссар Ирыстоны мысыдысты хæсты амæттæгты

"Хæст райдыдта Саакашвили. Ацы трагикъон цауты фæдыл бæрндзинад ис æвæрд ууыл. Ӕмæ ныры онг дæр — Евроцæдисы къамисы равзæрсты фæстиуджытæм æнæкæсгæйæ, Хайди Тальявинийы (швейцариаг дипломат, лæууыд 2008 азы конфликты аххосæгтæ раргом кæныны фæдыл æхсæнадон къамисы сæргъ) уынаффæмæ æнæкæсгæйæ, Гуырдзыстоны кæмдзæстыг кæнынц дзурын, хæст Саакашвили кæй райдыдта. Никæй фæнды уыцы темæйыл дзурын", — фехъусын кодта Бурджанадзе.

Гуырдзыстойнаг ӕфсад Хуссар Ирмӕ райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Хæстон архæйдтытæ ахастой фондз боны æмæ фесты агрессоры тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операцийæ. Агрессийы фæстиуæгæн фæмард сты 380 адæймаджы, уыдон нымæцы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ.

Ныппырх ис Хуссар Ирыстоны столицæйы фылдæр хай, афтæ ма цалдæр цæрæн пункты.

Ног хабӕртты лентӕ
0