Фыдвæндгæнæг Хуссар Иры хæдаразгæ паспортимæ фæлвæрдта арæныл ахизын

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæАвтомобильный пункт пропуска "Верхний Ларс" на грузино-российской границе
Автомобильный пункт пропуска Верхний Ларс на грузино-российской границе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдвæндгæнæг фæлвæрдта "Дæллаг Зæрæмæгыл" рахизын принтерыл уагъд паспортæй

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Контролон-уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы" æрцахстой фыдгæнæджы, кæцы фæлвæрдта бахауын Уæрæсемæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы хæдаразгæ паспортæй, кæцы уый ныммыхуыр кодта хуызджын принтерыл. Уый тыххæй хъусын кæны газет "Слово" Цæгат Ирыстоны арæнгæрон управленийы пресс-службæйы информацийыл æнцойгæнгæйæ.

Верхний Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы сæвзæрд бирæкилометрон радтæ

Азымгондæн нæ разынд æмбæстагад. Раздæр дæр ма уый фæлвæрдта УФ-йы территоримæ кæйдæр документты руаджы бахауын, цæй тыххæй йыл æвæрд æрцыд бæрндзинад.

"Фæлæ райстгонд мадзæлттæ ницы зонд бацамыдтой фыдвæндгæнæгæн. Уæрæсейы æрбынат кæнынæн иууыл хуымæтæгдæр фадат ус ракурын кæй суыдзæн, уый аскъуыддзаг кæнгæйæ, æрыгон лæппу æвæстиатæй ссардта йæхицæн усаг

интернеты руаджы æмæ йæм атындзыдта, развæлгъау йæхицæн хуызджын паспорт ныммыхуыр кæнгæйæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уæрæсемæ ахæм амæлтæй бахауынæн сæ аххосæгтæ нырма бæлвырдгонд не ′сты. Бæрæг у, дæргъвæтин рæстæг уый кæй цард Украинæйы. Ис гæнæн æмæ уый у баст Уæрæсейы ныхмæ украинаг организацитимæ.

Азымгондмæ æнхъæлмæ кæсы уголовон æфхæрд 200 мин сомы онг ивары хуызы, науæд та дыууæ азы онг ахæсты баконд.

Ног хабӕртты лентӕ
0