Мохаммед Алийы ирон фаворит - Плиты Роберт

© Из личного архива Роберта ПлиеваРоберт Плиев
Роберт Плиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕззӕджы дунейы хуыздӕр профессионалон боксертӕ стох кӕндзысты иууыл хуыздӕр боксеры номыл. Уӕлахиздзаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр преми ӕмӕ Мохаммед Алийы кубок. Турниры фаворитты хсæн ис ирон профессионалон боксер Гасситы Мурат дæр. Мадзалы агъоммӕ Sputnik зæрдыл лӕууын кæны 1997 азы "Боксы паддзахы" турниры ирон боксеры æнтыст æмæ спортивон фӕндаг

Плиты Фатима

Плиты Роберт у æхсӕнадӕмон классы спорты мастер боксӕй, иунӕг ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг боксер, кӕцыйӕн бантыст рамбулын Мохаммед Алийы кубок 1997 азы. Уый 23 азы кары ссис "Боксы паддзахы" кубокы уӕлахиздзау, райста лӕвар Алийӕ ӕрмкъухтӕ ӕмӕ нымад ӕцыд дунейон турниры хуыздӕр боксерыл. Номдзыд боксер балхынцъ кодта йӕ профессионалон карьерӕ ӕмӕ ныр та дӕс азӕй фылдӕр кӕны тренерон куыст. Сарӕзта боксерон клуб Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ йӕ уырны иумӕйаг куысты фӕстиуӕгӕн Ирыстоны кӕй фæзындзæн Европӕйы, дунейы ӕмӕ олимпаг чемпионтӕ.

Мохаммед Алийы кубок ӕмӕ фембӕлд "Боксы паддзах"-имӕ

Мохаммед Алийы турнирмӕ раразмӕгонд цыдысты Уӕрӕсейы чемпионаты ӕмӕ Индонезийы паддзахы кубокы уӕлахиздзаутӕ. Ацы ерысты тӕрхонгӕнджытӕ Плиты Робертӕн кӕд дыккаг бынӕттӕ рахицӕн кодтой, уӕддӕр лӕппу зынгӕ фидардӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ тренертӕ стӕрхон кодтой уый арвитын ерыстӕм ӕмӕ сæ фӕнд нӕ фӕмӕнг ис. Уый канд уӕлахиздзау неʻссис, фӕлӕ ма нымад ӕрцыд турниры хуыздӕр боксерыл. Йæ ныхмæлæуджыты иугай-дыгай æрвыста нокдаунты.

© Из личного архива Роберта ПлиеваМохаммед Алийы турниры уӕлахиздзау Плиты Роберт
Роберт Плиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мохаммед Алийы турниры уӕлахиздзау Плиты Роберт

"Мохаммед Алийы турнир цыд боксерӕн йӕ райгуырӕн къуымы —штат Кентуккийы горӕт Луисвиллы. Ӕнхъӕлмӕ мæм каст цалдӕр тохы. Бирӕ боксертæ дзы уыд ӕрмӕст АИШ-æй архайдта дыууӕ командӕйы, стæй ма ноджы æндæр бæстæтæй, сеʻхсæн олимпиадӕты призертӕ. Ахæм æмвæзады турнирты та лæмæгъ боксертæ нæ вæййы. Цалдæры басастон нокдаунӕй. Алы фембӕлды фӕстӕдӕр иу мӕм фӕдзырдта Мохаммед Али ныхасмæ. Америкайы иу хорздзинад ис, ӕндӕр ахӕм хъуыддагыл никуы фембӕлдтӕн — тӕрхонгӕнджыты скъуыддзаг вӕййы ӕнӕдызӕрдыггаг", — радзырдта Плиты Роберт.

Роберты æнтыстытæ боксы специалисттæ бæттынц йæ иузæрдион куыст æмæ хъæддых характеримæ.

"Роберт историйы ʻнӕмӕнг баззайдзӕн. Алы хатт дӕр ын ӕнтыст исты сюрприз саразын рингыл, ирд уӕлахизтӕ йын уыд. Стӕй фӕллад нӕ зыдта. Фембӕлды райдайæны куыд тыхджын уыд, йæ кӕрон дæр афтæ. Зондджын боксер кæй фæхонынц ахæм уыд, стæй йæхиуыл дæр тынг куыста. Тынг фæцыд Мохаммед Алийы зæрдæмæ, ӕмæ уый стæмты рахицæн кодта", — радзырдта йе ʻмгар, Уæрæсейы спорты мастер Кокойты Мурат.

Балц боксмӕ

Знауыры районы Уахтъанайы хъӕуӕй рацӕугӕ фидар лӕппу ахуыр кодта Цхинвалы 12 астӕуккаг скъолайы. Боксмӕ бацыд ӕнӕнхъӕлӕджы. Плиты Робертимӕ иу къласы ахуыр кодта Советон Гуырдзыстоны 11 хатты чемпион Кокойты Джамболаты фырт Вадим, уый сразӕнгард кодта лӕппуйы боксы секцимӕ бацӕуын. Уыцы рӕстӕг Кокойты Джамболат стыр спортӕй рацыд ӕмӕ кодта тренерон куста Цхинвалы.

"Кокойты Вадимимӕ хъазгӕ-худгӕйӕ смидæг стӕм спортзалы. Цӕттӕ мӕ кодта фыццаг Кокойты Джамболат. Уый фӕстӕ бахаудтӕн Сланты Виталий ӕмӕ Тедеты Аликмӕ", — мысы боксер.

П

Роберты карьерӕйы рӕстӕг фылдӕр бӕрцӕй ʻрхаудта уӕззау 90-ӕм ӕзтӕм. Хуссар Ирыстоны та ацы æзты уавӕр уыд ноджы уӕззаудӕр — рацарӕзты фыдӕбӕдттӕм бафтыдысты хӕстон архӕйдтытӕ. Спорт аззад рохуаты, тренерты та бахъуыд спортивон ринг хæсты быдырмæ раивын.

"Нӕ тренер Кокойты Джамболат йӕ тых радта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады сӕрвӕлтау тохмӕ, тренерон куыстæн ын рӕстӕг нал уыд, мах аззадыстӕм ӕвзонг тренерты ʻвджид. Уый фæстæ ацыдыстæм Мæскуымæ дæр. Роберт бахаудта Тедеты Алик ӕмӕ Сланты Виталиймӕ", — радзырдта Кокойты Мурат.

Made in Сланты & Тедеты

Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Бокс – Тедеты бинонты иумӕйаг професси

Фæстаг æзты Ирыстоны боксы стырдæр æнтыстытæ баст сты дыууæ номдзыд тренер —  Сланты Виталийы æмæ Тедеты Алик нӕмттимæ. Боксамонджыты тандем Ирыстонæн балæвар кодта ахæм нæмттæ куыд: Плиты Роберт, Зæгъойты Игорь, Козаты Хетæг, Гасситы Мурӕт, Тедеты Сослан æмæ æндæртæ.

"Тынг архайдта. Куыста йӕхиуыл, ӕмӕ йын уыд фидар удыхъӕд. Йӕ къухы дӕр бафтыд бирӕ уӕлахизтӕ. Индонезийы паддзахы кубокы ссис дыккаг, рамбылдта Мохаммед Алийы кубок. Фӕлӕ травмӕты аххосӕй бокс ныууагъта. Ныр та тренерон куыстыл ныххӕцыд, уым дæр у фæзминаг", — радзырдта йӕ тренер Тедеты Алик.

Бокс Ирыстоны

Фыццаг бакастæй ныридæгæн ацы спорты хуызмæ ис стыр хъусдард — конд цæуынц ног клубтæ, фæсивæд гуылф кæнынц секцитæм, æхсæнрегионалон турнир æмæ æхсæнадæмон турниртæй хъуысынц ирон боксерты æнтыстытæ, фæлæ уымæ æнӕкæсгæйæ, фадæттæ сты къуындæг.

Вадим Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксер Коцты Вадим ссис "Юность России"-йы уæлахиздзау

"Хуссар Ир уæлдай хъæзныг у курдиӕттæй. Хорз лӕппутӕ дзы архайы ныр дæр, фӕлӕ ӕддӕмӕ куы нӕ цӕуой, уӕд бирӕ ницы сараздзысты. Сбортӕм, ерыстӕм сӕ хъæуы æрвитын, цæмæй исой фæлтæрддзинад. Санахъоты Аслан, Ӕлборты Алан, Коцты Вадим хорз архайынц ныр дæр. Абаргæйæ Цæгат Ирыстоны  ис хуыздæр фадӕттӕ боксертæн", — дзуры Плиты Роберт.

Хуссар Иры олимпаг комитет

Фæстаг æзты арæх дзырд цæуы Хуссар Ирыстоны олимпаг комитет саразыныл. Рæстæгæй рæстæгмæ та ацы хъуыды ныннымæг вæййы, стæй та йæм фæстæмæ раздæхынц, фæлæ ныхӕстæй дарддæр хъуыддаг размæ нæ цæуы. Плиты Роберты ныхæстæм гæсгæ, уый сырæзт раразмæ кæнид бокс Ирыстоны.

Боксер Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксер Гасситы Мурӕт схызт IBF ранӕуӕггонд рейтингы

"Хуыздӕр уаид нӕхӕдӕг Хуссар Ирыстоны номæй куы архаиккам. Нӕмӕнгӕй хъӕуы саразын олимпаг комитет, тынг курдиатджын адӕм нӕм ис ӕмӕ лидзынц Ирыстонӕй. Ӕмбарын æй цас хæрдзтæ æмæ зындзинæдтимæ баст у, фæлæ æнæмæнг хъæуы", — дзуры уый.

2004 азы Плиты Роберт балхынцъ кодта йæ профессионалон карьерӕ æмæ йæ тых радта тренерон куыстмæ. Дзæуджыхъæуы æрбакодта боксы клуб "Боец", кусы Ӕхсӕнадон-паддзахадон спортивон баиугӕнды (ОГФСО) "Юность России"-йы сӕйраг тренерæй.

© Из личного архива Роберта ПлиеваПлиты Роберт
Роберт Плиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Роберт

"Юность России"-йы чи рамбулы, уыдон цӕттӕ кӕнын Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, сӕрибар рӕстӕг куы фӕзыны, уӕд ӕрцӕуын Ирыстонмæ — бакусын клуб "Боец"-ы хъомылгӕнинӕгтимӕ. Мæхи лæппу Сӕрмӕт нырма у авдаздзыд. Акæнын æй тренировкæтæм, фæлæ нырма бокс не ʻмбары, фæстæдæр, гæнæн ис ӕмӕ йæ бацымыдис кæна", — дзуры Роберт.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Ирыстоны боксы фадыджы бирæ аразинæгтæ ис. "Ирыстонæн нырма нæй Европæйы, дунейы æмæ олимпаг чемпионтæ, уыдон схъомыл кæнын у тренерты сæйраг хæс", — балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0