Мӕхъӕлы цӕрӕг йӕхиуыл ныффыста Цӕгат Иры хӕдзар

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæВиды Владикавказа
Виды Владикавказа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
48-аздзыд Мӕхъӕлы цӕрӕг сылгоймаг мӕнг документы руаджы сфидар кодта йӕхиуыл хӕдзар Цӕгат Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны слестгӕнӕн комитет бакодта уголовон хъуыддаг Мӕхъӕлы 48-аздзыд сылгоймаджы ныхмӕ. Уымӕ зӕрдӕ 'хсайы ӕмбӕстагон хъуыддаджы мӕнг документтӕ бавдисыны фӕдыл, хъусын кӕны Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитеты республикон управленийы пресс-службӕ.

Денежные купюры и монеты разных стран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры бæрнон кусæг сылгоймагæй адавтой 100 милуан сомы

"2012 азы февралы сылгоймаг бахъаст кодта Магасы районон тӕрхондонмӕ, цы ран домта ӕнӕзакъононыл банымайын ФМС Мӕхъӕлы хайады архӕйдтытӕ. Хъастимӕ иумӕ уый бавдыста 15 майы 1991 азы Цӕгат Ирыстоны Карцы хъӕуы хӕдзар кӕй балхӕдта, уый фӕдыл къухæрфысты къопи", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕмӕй та банысангонд хӕдзар арӕзт фӕцис ӕрмӕстдӕр 1992 азы ӕмӕ уӕдмӕ фидар не'рцыд поселочы администрацийы.

Уголовон хъуыддаг дӕрддӕр сгӕрст цӕуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0