Ирон рапиристкæ ссис Универсиадæйы æвзист призер

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæИрон рапиристкæ Ӕлборты Яна
Ирон рапиристкæ Ӕлборты Яна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рапиристкæ Ӕлборты Яна рамбылдта Тайбэйы уагъд цæуæг Универсиадæ - 2017 æвзист майдан

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Цæгатирыстойнаг рапиристкæ Ӕлборты Яна рамбылдта æвзист майдан Ӕппæтдунейон сæрдыгон Универсиадæйы, хъусын кæны RT.

"Уæрæсейаг рапиристкæ Ӕлборты Яна рамбылдта æвзист майдан 2017 азы æрдыгон Универсиадæйы Тайбэйы. Финалы 23-аздзыд Яна 7:15 хыгъдæй фæхæрд венгриаг спортсменкæ Фаннь Креишшæн", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Париж фенын æмæ рамбулын: æртæ ирон богалы стох кæндзысты дунейы чемпионаты

Ацы фæстиуджыты фæрцы Уæрæсейы æмбырдгонды хыгъдыл ис 17 майданы, уыдонæй æртæ – сыгъзæрин, фондз – æвзист æмæ фараст та бронзæйон майданы.

Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сконды ис ӕхсӕз ирон спортсмены – Туриты Тима, Сидахъты Георгий, Челӕхсаты Анисия, Ӕлборты Яна, Лӕппынӕгты Аслан ӕмӕ Мстиаты Диана.

Сӕрдыгон Универсиадæ 2017 – ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадӕмон студентон-фӕсивӕдон спортивон ерыстӕ, кӕцытӕ уагъд цӕуынц 19-30 августы тайвайнаг горӕт Тайбэйы. Ерысты хайад исынц 142 бӕстӕйы делегацитӕ. Уӕрӕсейы кад Универсиадæйы хъахъхъӕнынц 348 спортсмены.

Ног хабӕртты лентӕ
0