Италиаг Пезаройы æрбайгом ирон нывгæнджыты равдыст

© Страница Радиона Пухаева в сети FacebookИталиаг Пезаройы æрбайгом ирон нывгæнджыты равдыст
Италиаг Пезаройы æрбайгом ирон нывгæнджыты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдыст æрбайгом "Ирон культурæйы бонтæ Европæйы" фæлгæтты, кæцы сорганизаци кодта Пухаты Радион

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Ӕнæкоммерцион организаци "Renaissance Sandidzan"–ы æрвылазон проект "Ирон культурæйы бонтæ Европæйы" фæлгæтты горæт Пезаройы æрбайгом ирон нывгæнджыты равдыст. Равдыст у ацы азы æлхынцъон мадзал, кæцы уыд хъæзныг равдысттæ, концерттæ æмæ тымбыл фынгтæй, уыдон ацыдысты Брюссель, Люксембург, Париж æмæ Прагæйы.

Пухаты Радион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Радион радзырдта, цы хъуыды кӕнынц европайӕгтӕ Хуссар Иры хӕсты тыххӕй

Организаци аразы равдысттæ Европæйы алы горæтты æмæ бæстæты. Авд азы мидæг бантыст ауадзын ирон нывгæнджыты равдысттæ Европæйы 10 бæстæ æмæ 13 горæты — Брюссель, Рим, Париж, Стамбул, Люксембург, Будапешт æмæ æндæрты.

"Нывгæнджыты равзарын æз мæхæдæг, ис бындурон контингент Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, фæлæ æз иудадзыг архайын ног авторты æрбангом кæнын. Фæнды мæ уавæрæй спайда кæнын æмæ зæгъын, цæмæй нывгæнджытæй кæй фæнды нæ проекты хайад райсын – табуафси, ныффыссут мæм", — загъта æнæкоммерцион организаци "Renaissance Sandidzan"–ы сæргълæууæг Пухаты Радион.

"Ирон культурæйы бонтæ Европæйы" – æрмæст равдысттæ не сты, фæлæ ма концерттæ, мастер-класстæ, пленэртæ, киноравдысттæ æмæ иууыл сæйрагдæр – тымбыл фынг, цы ран æрбамбырд вæййы Ирыстон æмæ Европæйы сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенци.

"Тымбыл фынгыл уынаффæ цæуы культурæ æмæ политикæйы фарстытыл, бакусæм иумæйаг мадзæлттæ æмæ проектты хъуыдытыл. Культурæйы радон бонтæм цæттæ кæнгæйæ, æз активон куыст кæнын ме ′мзæххонтимæ, кæцытæ цæрынц Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæты æмæ горæтты. Тынг ахсджиаг мæмæ кæсы уыдон ирон культурæмæ æрбангом кæнын", — банысан кодта Радион.

Ацы аз "Ирон культурæйы бонтæ Европæйы" фарс балæууыдысты фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Хуссар Иырстоны президент Бибылты Анатолий, афтæ ма Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Ног хабӕртты лентӕ
0