Уазæгдон "Ирыстон"-ы сыхæгтæ тæрсынц бæстыхайы ныппырхы фæстиуджытæй

© Sputnik / Наталья АйриянУазæгдон "Ирыстон"
Уазæгдон Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæрæн хæдзæрттæн бакæнгæ зианы фæстиуджытæ куыд аиуварс кæндзысты, уый тыххæй радзырдта арæзтадон фирмæйы сæргълæууæг Сланты Ӕхсар

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Уалыты Диана. Уазæгдон "Ирыстонмæ" хæстæг цы хæдзар лæууы, уый цæрджытæ рахъаст кодтой цæрджытæн рыгы фæдыл, кæцы сысты бæстыхай пырх кæныны рæстæджы æмæ цæрæн хæдзæртты æнæхъæндзинады фæдыл.

Цхинвалы центры райдыдтой пырх кæнын уазæгдон "Ирыстон", кæцы арæзт æрцыд 1937 азы.

© Sputnik / Наталья АйриянУазæгдон "Ирыстон"
Гостиница Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазæгдон "Ирыстон"

"Арæзтадон куыстытæ цæуынц тынг æввахс, цæй фæстиуæгæн хæдзæртты æрæмбырд вæййы тынг бирæ рыг. Афтæ ма тæссаг у, бæстыхай пырх кæныны рæстæджы кæй ис гæнæн æмæ хъыгдард æрцæуа цæрæн хæдзары агъуыст. Уый у интеллигенцийы фыццаг хæдзар, кæцы сарæзтой 1925 азы, кæд æмæ уазæгдон та арæзт æрцыд 1937 азы. Мах радзырдтам нæ проблемæты тыххæй фирмæйы директорæн æмæ нын бавæрдтой ныфс, кæй сараздзысты æппæт дæр, цæмæй хæдзарæн мацы зиан баконд æрцæуа", — загъта хæдзары цæрджытæй иу.

Арæзтадон фирмæйы сæргълæууæг Сланты Ӕхсары ныхæстæм гæсгæ, райст æрцæудзысты æппæт мадзæлттæ хæдзæрттæ æмæ сæ цæрджыты æдасдзинады фæдыл.

"Ам æххæст цæуынц гуырахстджын куыстытæ æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, хъастытæ æнæмæнгæй цæудзысты æмæ сæ оперативонæй иуварс кæндзыстæм. Ӕввахс рæстæджы мах бамбæрздзыстæм хæдзары рудзгуытæ рыгы ныхмæ пленкæйæ. Хæдзары агъуысты æдасдзинадæн та сæвæрдзыстæм каркас æмæ æрæхгæндзыстæм территори", — загъта уый.

Цхинвалы уазæгдонон къабаз ранæуæг кæныны фæдыл уынаффæ рахаст æрцыд дыууæ азы размæ Хуссар Ирыстоны уазæгдонон фонд сæндидзын кæныны æмæ туристтæ æмæ инвесторты республикæмæ æрбаздахыны нысанæн. Ранæуæггонд бæстыхайы æддаг бакаст уыдзæн уазæгдон "Ирыстон"-ы ныры бакасты хуызæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0