"Иры хуызтæ": Козаты Ушангы равдыст æрбайгом Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Фатима ПлиеваУшанг и Заур Козаевы
Ушанг и Заур Козаевы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тематикæ у алывæрсыг, фæлæ дзы сæйраг бынат ахсынц Хуссар Ирыстоны, Беслæны æмæ Хъæрмæдоны трагикон цаутæ

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Козаты Ушангы юбилейон равдыст "Ирыстоны хуызтæ", хъусын кæны ПТРК "Алания".

Козаты Ушанг: ӕз дӕн ирон ӕмӕ никӕй дих кӕнын

Рæхджы равдыст фендзысты Израилы дæр.

"Йæ юбилейон равдыстмæ Ушанг бацæттæ кодта йæ хуыздæр куыстытæ. Тематикæ у алывæрсыг, фæлæ дзы сæйраг бынат ахсынц Хуссар Ирыстоны, Беслæны æмæ Хъæрмæдоны трагикон цаутæ. Нывгæнæг æппынæдзухдæр архайы ног идеятæ агурыныл. Ног экспозицимæ хаст æрцыдысты алы азты конд нывтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Советон Цæдисы нывгæнджыты цæдисы уæнг, Уæрæсейы сгуыхт æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг ацы бонты бæрæг кæны йæ 65 азы юбилей. Йæ куыстытæ йын зонынц куыд Ирыстоны, афтæ æндæр рæтты дæр. Уыдон архайдтой равдыстыты Эрмитажы, Третьяковы галерейы, Пекины æмæ Токиойы Центрон музейты.

Ног хабӕртты лентӕ
0