Мæхъæлон активисттæ бахъаст кодтой Тедеты Дзамболатыл прокуратурæмæ

Рафыссын
Кæсут видеойыл Тедеты Дзамболаты раныхас Цæгат Ирыстоны парламенты рабадты

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Æхсæнадон организаци "Мæхъæлы æнцой" бахъаст кодта УФ прокуратурæмæ Цæгат Ирыстоны парламенты депутат Тедеты Дзамболатыл. 

Мæхъæлон æхсæнадон архайджытæм хъыг фæкаст, "Цæгат Ирыстоны парламенты депутат Тедеты Дзамболат, кæцы æмрæстæджы у УФ бирæнационалон командæйы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй, кæй фехъусын кодта, зæгъгæ, Горæтгæрон районы фаг ис ирон фæсивæды аккаг минæвæрттæ, кæцытæн ис бар сæ республикæйы æвдисой форум "Машук"-ы, æмæ æнæмæнгхъæуæгыл нæ нымайы ацы мадзæлттæм Цæгат Ирыстоны мæхъæлон цæрджыты æрвитын", хъусын кæны информацион портал "Abon".

 

 

Цæгат Ирыстоны парламенты фæстаг сессийы парти "Патриоты"-йы депутат Тедеты Дзамболат рацыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Рустем хъусинаджы ныхмæ.

Чилæхсаты Рустем йе ʻнæразыдзинад равдыста, Горæтгæрон районы цæрæг мæхъæлон фæсивæд лæмæгъæй кæй архайынц республикæйы царды. Уый тыххæй уый фехъусын кодта ивгъуыд дыццæджы Цæгат Ирыстоны хицауады рабадты.

Ног хабӕртты лентӕ
0