"Рудзынг Аланимæ": Зассеты Жанна радзырдта культурæйы министрады ног проекты тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Жанна
Зассеты Жанна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министр радзырдта националон культурæйæн нывонд уæрæх программæ цæттæ кæныны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik, Уалыты Диана. Егъау проект "Рудзынг Аланимæ"-йы реализаци, кæцы конд у 12 хайæ, адарддæр уыдзæн фондз азы, уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зассеты Жанна.

"Проектыл куыстой тынг бирæ адæм. Уый нын ратдзæн фадат нæ националон идейæйы, нæ фыдæлтæ кæцæй рацыдысты, уыцы алфæмблайы аныгъуылын. Ис нын стыр бæллиц, Стыр Зæлдаг фæндаг кæуылты цыд, уыцы фæндагыл ирон мæсгуытæ саразын, цæмæй нæ уазджытæ Хуссар Ирыстонмæ сæ фæндаг райдайой йæ культурæимæ зонгæдзинадæй. Фæнды мæ, цæмæй дзы уа афæлгæсæн фæзуат, кæцыйæ уаид фадат цæст ахæссын хæххон пейзажты рæсугъддзинæдтыл", — радзырдта уый.

Зассеты Жаннæ банысан кодта проекты иууыл бындурон хæйттæ, кæцытæй иу у националон костюмты презентаци. Уый загъта, хорз кæй уаид дунейæн рæсугъд националон костюм равдисын. Министр ма загъта, проектыл кусгæйæ, йæхæдæг дæр кæй базыдта бирæ ногдзинæдтæ ирон культурæйы тыххæй.

Проекты иу хай та нывонд уыдзæн националон фæлындæнты популяризацийæн.

"Националон фæлындæнтыл бакусынмæ мах æрхуыдтам Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны специалистты. Ныридæгæн нын æрластой хуызæгтæ æмæ мæ фæнды банысан кæнын, кæй сты тынг рæсугъд æмæ æвдисынц нæ фыдæлты фарн æмæ культурæ", — дарддæр загъта уый.

Проекты хицæн хай ссис кæны националон къæбицы хъæзныгдзинад раргом кæнын.

Афтæ ма организацигонд æрцæудзæн маршрут Ирыстоны сыгъдæг бынæттæм.

Проект "Рудзынг Аланимæ"-йы реализацимæ æрæвналдзысты 2018 азы æмæ фондз азмæ уый бахæццæ уыдзæн кæронмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0