Ног театралон сезонмӕ труппӕ иуварс кӕны критикты фиппаинӕгтӕ

© Sputnik / Инга ЧехойтыТрагеди "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ"
Трагеди Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трагеди "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ" уӕрӕх ӕхсӕнады размӕ рахӕсдзысты цыппӕрӕмы. Развӕлгъау уал спектаклы генералон репетицимӕ ӕрбацыдысты специалистты къорд, критиктӕ ӕмӕ загътой сӕ фиппаинӕгтӕ.

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны драмон театры труппӕ равдыста культурӕйы министрады аивадон советы уӕнгтӕн трагеди "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ"-йы генералон репетици. Ацы спектаклӕй цыппӕрӕмы бакӕндзӕн ног театралон сезон. Спектакль сӕвӕрдта режиссер Дзуццаты Тамерлан зынгӕ ирон фыссӕг Галуанты Людӕйы уацмыс "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ"-мӕ гӕсгӕ.

Фӕлтӕрд специалисттӕ банысан кодтой спектаклы куыд аив, афтӕ баххӕсткӕнинаг сценӕтӕ ӕмӕ бауынаффӕ кодтой труппӕйӕн ӕртӕ боны дӕргъы фиппаинӕгтыл ногӕй бакусын.

Спектакль цӕуы дыууӕ сахатмӕ ӕввахс. Трагеди "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ"-йы ӕвдыст цӕуы наркоманийы ӕппӕрццаг ӕндӕвдад фӕсивӕдыл.

Театралон равдысты центры ис уарзӕгой ӕвзонг бинонты цард, кӕцытӕ бахаудтой наркоманийы амынӕты. Сӕйраг хъайтар Аланӕй (роль ӕххӕст кӕны Уанеты Эдуард) ӕппынфӕстаг йӕ ныййарджытӕ дӕр сфӕлмӕцыдысты, наркомани йын йӕ тых асаста. Сӕфты фӕндагыл слӕууыд йӕ бинойнаг Аланӕ дӕр (роль ӕххӕст кӕны Битеты Миленӕ).

Аивадон советы уӕнгтӕ ӕмӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕ иууылдӕр зӕрдӕмӕцӕугӕйыл банымадтой спектаклӕн йӕ декорацитӕ, актерты дарӕс, кӕфтытӕ, музыкӕ, фиппаинӕгтӕ та фылдӕр бӕрцӕй хаудтой актерты ӕмӕ режиссеры куыстмӕ.

© Sputnik / Инга ЧехойтыТрагеди "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ"
Трагеди Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Трагеди "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ"

Зынгӕ ирон ахуыргонд, профессор Плиты Гацыр йӕ раныхасы банысан кодта, зӕгъгӕ раппӕлинаг у, спектаклӕн ӕвзӕрст кӕй ӕрцыд ныры дуджы актуалон темӕ.

"Театр царды айдӕн у, егъау сты йӕ тых ӕмӕ йе ‘ндӕвдад дӕр. Сценӕ у фыццаг амал сыгъдӕг литературон ирон ӕвзаг парахат кӕныны хъуыддаджы. Уӕлдайдӕр ма сценӕйыл куы уынӕм нӕ рӕстӕджы актуалон проблемӕтӕ, уӕд театрдзаутӕ дӕр сараздзысты сӕхицӕн ӕмбӕлон хатдзӕгтӕ", — банысан кодта Плиты Гацыр.

Спектакль сӕвӕрдтой поэт, фыссӕг ӕмӕ РХИ адӕмон артисткӕ Галуанты Людӕйы уацмысмӕ гӕсгӕ. Режиссер уацмысмӕ бахаста ивындзинӕдтӕ, афтӕ Дзуццаты Тамерланы фӕндмӕ гӕсгӕ, трагедийы кӕрон сценӕмӕкӕсгӕмӕ фӕзыны ныфс, сӕйраг хъайтар наркоманийы рӕхыстӕй кӕй ссӕрибар уыдзӕн.

Ныййарӕг йӕ хъӕбул аивӕрзын кӕныны тыххӕй ӕппынфӕстаг Хуыцаумӕ скувы, ӕмӕ сценӕйы фӕзыны сыгъдӕг Мадымайрӕмы уазныв, афтӕ фӕуд кӕны спектакль.

Равдысты фӕстӕ режиссер Дзуццаты Тамерлан куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй фиппайнӕгтӕй кӕцыдӕртӕ бахынцдзысты, кӕцыдӕртимӕ та дзы ӕппындӕр разы нӕу.

"Фехъуыстон конструктивон критикӕ дӕр ӕмӕ спектаклы цыдӕртӕ фӕивдзынӕн", — банысан кодта уый.

Аивадон советы ӕмбырды кӕрон театры директор Къацты Филипп банысан кодта, аивады фадыджы специалистӕ цы æнхъарæнтӕ бахастой, уыдоныл бакусынӕн режиссер ӕмӕ труппӕйӕн фаг кӕй у ӕртӕ боны ӕмӕ цыппӕрӕмы изӕры театры сценӕйыл фенӕн уыдзӕн "Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ"-йы премьерӕ.

Театры труппӕ режиссер Дзуццаты Тамерланы сӕргълӕудӕй ацы спектаклыл кусы ивгъуыд азӕй фӕстӕмӕ. Мистикон трагедийӕ Хуссар Ирыстоны конд ӕрцӕудзӕн ног, 85 театралон сезон. Ӕдӕппӕтӕй спектаклы архайы фараст актеры.

Ног хабӕртты лентӕ
0