Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Нацбанк тох кӕнынц Дменисы рынчындоныл

© Sputnik / Руслан ТадтаевДменисы рынчындоны агъуыст
Дменисы рынчындоны агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны стырдӕр хъӕутӕй сӕ иу - Дменисы рынчындон йӕхи хоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад дӕр ӕмӕ Националон банк дӕр. Персоналӕн ныфс ӕвӕрынц, уынджы кӕй нӕ аззайдзысты, уымӕй.

ЦХИНВАЛ, 24 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад ныфс дӕтты Дменисы рынчындоны кусджытӕн, медицинон уагдон ӕхгӕд кӕй не ‘рцӕудзӕн Нацбанчы хъасты фӕстиуӕгӕн, фехъусын кодта Sputnik рынчындоны сӕйраг дохтыр Тыбылты Татьяна.

Тӕрхондон ныр цалдӕр азы дӕргъы скъуыддзаг кӕны, Дменисы рынчындоны бӕстыхай кӕмӕ ‘мбӕлы, уыцы фарст. Медицинон уагдон ис Джиголаты Виталийы раздӕры хӕдзары. Уый 2003 азы райста банчы кредит йӕ хӕдзары цъындыйы. Йӕ хӕс националон банчы раз нӕ бамбӕрзта, афтӕмӕй бӕстыхай ауӕй кодта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн. Уый фӕстӕ Джиголаты Виталий ацыд республикӕйӕ.

"2008 азы хӕсты фӕстӕ ам бакодтой рынчындон. Нымад у 10 адӕймагыл, фӕлӕ дзы рынчынтӕ никуы ӕрӕхсӕвиуат кодтой. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад йӕ хъавы рацаразын амбулаторимӕ", — загъта сӕйраг дохтыр.

© Sputnik / Руслан ТадтаевДменисы рынчындон
Здание дменисской больницы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дменисы рынчындон

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Нацбанк ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад тох кӕнынц бӕстыхайыл тӕрхондоны. Фӕлӕ, цыфӕнды тӕрхон ма рахастӕуа, уӕддӕр районы къухдариуӕгад ӕмӕ министрад ныфс бавӕрдтой рынчындоны персоналӕн, уынгмӕ сӕ кӕй нӕ арвитдзысты.

"Уавӕр ныридӕгӕн рараст ис, ацы фарстыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ тӕрхон кодтой парламенты депутаттӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад. Медицинон уагдон сӕхгӕныны тыххӕй дам-думты бындурыл ницы документтӕ ис", — загъта Тыбылты Татьяна.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Григорий Кулиджанов дӕр баныфс ӕвӕрдта, Дменисы рынчындон кӕй ничи сӕхгӕндзӕн. Уый дарддӕр дӕр кусдзӕн, ӕрмӕст ӕй рацараздзысты амбулаторимӕ.

Уыимӕ иумӕ Нацбанчы хистӕр Зассеты Феликс радзырдта Sputnik, банк дарддӕр дӕр йӕ рӕстдзинад кӕй бӕлвырд кӕндзӕн тӕрхондоны, кӕд ӕмӕ уый йӕ фыццаг рабадты агъуыст ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады дӕлбар бакодта, уӕддӕр.

"Уыцы тӕрхоныл мах не ‘сразы стӕм. Ныр хъуыддагмӕ ӕркаст Генералон прокуратурӕ дӕр, граждайнаг хъуыддагӕй уый ивд ӕрцыд уголовонмӕ. Джиголайы фырты ныхмӕ та конд ӕрцыд уголовон хъуыддаг", — загъта уый.

Зассеты Феликс ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ тӕрхондон уынаффӕ рахӕсса Нацбанчы хӕрзиуӕгӕн, уӕддӕр "ничи никӕй расурдзӕн", уымӕн ӕмӕ банк домы фӕстӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕ материалон зиан — 311 мин сомы, кӕцытӕ Джиголаты Виталий фӕхӕсджын ис банкӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0