Коцты Иосиф: кӕй нӕ ссӕрибар кӕндзысты, уый махӕй никӕй уырныдта

© Sputnik / Михаил ХасиевКоцты Иосиф
Коцты Иосиф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иосиф æмæ ма дыууæ ирон æмбæстагæн 2005 азы гуырдзыстойнаг тæрхондон аскъуыддзаг кодта цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын "Гуырдзыстоны территорийыл теракт саразаны тыххæй". 11 азы фæстæ уый ногæй федта йæ хиуæттæ æмæ æмгæртты.

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. 11 аз гуырдзыстойнаг ахæстоны бадыны фæстæ Коцты Иосиф зынтæй базыдта Цхинвалы уынгтæ æмæ йæ райгуырæн хæдзар, кæцы ныппырх 2008 азы хæсты рæстæджы.

Иосифæн (Сосо) æмæ ма дыууæ ирон æмбæстагæн 2005 азы гуырдзыстойнаг тæрхондон аскъуыддзаг кодта цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын "Гуырдзыстоны территорийыл теракт саразаны тыххæй". Уыдон сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхтысты 10 марты, РХИ-йы æмбæстæгтæй цыппары баивтой аст гуырдзиаг æмбæстагӕй, кæцытæ се ‘фхæрды æмгъуыд æрвыстой Цхинвал æмæ Сухумы.

"Горæт тынг фæивта. Фыццаг мæ цæсты цы бахаудта, уый уынгты тынг бирӕ машинæтӕ кӕй ис. Фæстаг хатт ма ам куы уыдтæн, уæд машинæты нымæц уыд бирæ къаддæр æмæ алчидæр зыдта, чи сӕ кæй хицау у", — дзуры Сосо.

Цалынмæ Гуырдзыстоны ахæстонмæ нæ бахауд, уæдмæ йын уыд автомобилон бизнес, ласта автомобилон хæйттæ Гурæй, цыран цардысты йæ мады хæстæджытæ æмæ сæ уæй кодта Цхинвалы. Гуырдзыстоны тыхон структурæты минæвæрттæ йæ æрцахстой Гуры, цалынмæ Тбилисы нæ анæрыд теракт — спырх машинæ. Иосифы фæазымджын кодтой ацы теракты.

Сæдæгай цхинвайлæгтæ æрбацыдысты Театралон фæзуатмæ, цæмæй сæмбæлой не ‘мзæххонтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
11 азы дӕргъӕн фӕндаг хӕдзармӕ

Уыцы бон уый бадзырдта клиентимæ фембæлын, фæлæ йæ бæсты фембæлдмæ æрбацыдысты бынтон æндæр адæм. Иосиф нымайы, уыцы клиент æй кæй "ауæй кодта".

30-аздзыд лæппуйы æрцахсыны тыххæй йын баппæрстой наркотиктæ æмæ уал æй æртæ мæйы дардтой рæстæгмæдарæн изоляторы (РДИ). Нырма уал æй азымджын кодтой наркотикты тыххæй, уый фæстæ тæрхондонон равзæрсты рæстæджы "разынд теракты фæдыл хъуыддаг".

"Теракты размæ ме ‘мбалимæ балхæдтон машинæ Тбилисы, фæлæ йæ фæстæдæр ауæй кодтам. Нæдæр æй зыдтон, теракты ацы машинæйæ кæй спайда кодтой, уый. Уый тыххæй базыдтон, куы мæ фæазымджын кодтой, куыд теракты æмархайæг. Рабæрæг, æртæ бон раздæр та гуырдзиæгтæ кæй æрцахстой Уалыты Георгий æмæ Зассеты Георгийы, кæцыты фæазымджын кодтой теракт саразыны хъуыддаджы", — дзуры Иосиф.

Иосифыл тæрхондонон процесс цыд азæй фылдæр. Тæрхондоны скъуыддзагыл исты хуызæй бандавыны тыххæй рацыд алы инстанц дæр, фæлæ вердикт баззад æнæаивдæй — цæрæнбонтӕм ахæст. Уый ма бахатыд адæймаджы барты фæдыл страсбургаг тæрхондонмæ дæр, фæлæ ацы фарст ам дæр æрцыд æхгæд.

Освобожденных из грузинских тюрем граждан РЮО встречали в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстоны ахӕстӕттӕй ссӕрибаруӕвӕг лӕппутыл сӕмбӕлдысты Цхинвалы

Иосиф дзуры, зæгъгæ, физикон тыхмийæ сæ ныхмæ нæ пайда кодтой нæдæр РДИ-ы, нæдæр ахæстоны. Ахæстыты æхсæн нæ уыд æфхæрд националон æууæлмæ гæсгæ дæр, ахæстоны "уый нымайынц политикæйыл". Иухатт ӕрмӕст гуырдзиаг ахæстоны бадæг ирæттæ, бамбал сты иумæйаг нæхæрын расидынмæ.

"Мах тынг цин кодтам, куы фехъуыстам Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, гуырдзигтæ та кæд мæсты кодтой, уæддæр нын иу ныхас дæр нæ загътой", — дзуры уый.

2008 азы хæсты тыххæй Иосиф, куыд иннæ ахæстытæ, афтæ базыдта телевизорæй, æрмæст хабæрттæ æвдыст цыдысты Гуырдзыстоны цæстæнгасæй. Уый уыдта, "гуырдзиаг æфсæддонтæ куыд систой Цхинвал, исынц Дзауы район æмæ феввахс кæнынц Ручъы туннелмæ".

"Мах кастыстæм æмæ нæ уырныдта. Фæлæ фæстæдæр Саакашвилийы йæ галстук æууилгæ куы равдыстой, уæд бамбæрстам, гуырдзиæгтæн сæ хъуыддæгтæ бынтон хорз кæй не сты", — худы Иосиф.

Уыцы рæстæджы Цхинвалы Иосифæн уыд йæ фыд, кæцы диссаджы ирвæзт акодта, сæ хæдзармæ сармадзаны нæмыг куы бахаудта, уæд. Иосифы мад амард хæсты размæ. Уый фæстæ уæззау рынчын фæцис йæ фыд, уымæ гæсгæ Иосифмæ ахæстонмæ фæстаг æртæ азы ничи бацыд.

© Sputnik / Михаил ХасиевЦыппар ирон лӕппуйы сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхтысты 10 марты
Вернулись! - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппар ирон лӕппуйы сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхтысты 10 марты

Иосиф дзуры, Гуырдзыстоны хицауад куы раивта, уæд ахæстытæн кæй бавæрдтой амнистийы ныфс. Уый дæр ныфс бацыд, йæ цæрæнбойнон æмгъуыд кæй раивдзысты бæлвырд æмгъуыдæй, афтæ дзырдтой ахæстонмæ цы чиновниктæ цыдысты, уыдон дæр.

"Илчидæр дзырдта:"Сымахмæ дæр æмбæлы, фæлæ уæ ничи рауаддзæн". Уæд хъуыды кодтон, ахæстоны кæй арвитдзæн иууыл къаддæрæй дыууын азы, уый фæстæ гæнæн ис æмæ исты фæива. Фæлæ нæ сæрибардзинад фидарæй никæй уырныдта", — дзуры Иосиф.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, цыд алыгъуызон ныхæстæ, уыдон зыдтой, се ‘ссæрибар кæныныл кæй архайы хицауад, фæлæ сæ нæ уырныдта, сæ хъуыддаг æнтыстджынæй кӕй ахицæн уыдзæн. Фæстаг моменты онг уыдон зонгæ дæр нæ кодтой, кæй сты сæрибар. Цыппарæй сæ ахæстонæй куы ракодтой æмæ сæ машинæйы куы сбадын кодтой, уæд хъуыды кодтой, æндæр ахæстонмæ сæ кæй кæнынц. Æрмæст Абхазы зæххыл сæ къах куы авæрдтой, уæд бамбæрстой, сæ хъизæмæрттæ фæстейæ кæй баззадысты æмæ ныр кæй сты сæрибар адæм.

"Мæ бон æй нæу бамбарын кæнын, цы банкъардтон, куы базыдтон сæрибар кæй дæн. Раст зæгъгæйæ мæ ныры онг дæр æххæстæй нæ уырны. Нырма нæ зонын цы араздзæн, нырма мæ фæнды æрæмбарын, цы æрцыд, уый. Афтæ никуы уыд, æмæ цæрæнбойнон æмгъуыд кæмæн аскъуыддзаг кодтой, уый сисой æмæ йæ рауадзой", — загъта Иосиф.

Ацы æвзонг лæппутæн уыд "сусæг хæрзиуæггæнджытæ дæр" — фæстаг цалдæр азы сын Цхинвалæй æрвыстой æхца æбæрæг адæм. Уыдон-иу æрбацыдысты Цхинвалы аргъуанмæ æмæ-иу радтой æхца мад Серафимæмæ, кæцы не ‘ргом кæны хæрзиуæггæнджыты нæмттæ.

"Бирæтæ иу чысыл хъуыддаг куы саразынц, уæддæр алы фиссыны дæр ууыл хъæр кæнынц, цæмæй йæ алчидæр базона. Мах та абон дæр нæ зонæм, чи нын æххуыс кодта. Аз дыууæ-æртæ хатты нын æрвыстой æхца. Сæхи не ‘ргом кæнынц, мад Серафимайæн та загътой, зæгъгæ сæхи раргом кæндзысты, куы нæ ссæрибар кæной, уæд", — загъта Иосиф.

Ныр æй фæнды йæ пырх хæдзар сцалцæг кæнын. Сыхæгтæ дзурынц, зæгъгæ сæм хæсты фæстæ фæцыд бирæ къамистæ, кастысты, сгæрстой, фæлæ йæ цалцæг кæнынмæ ничи æрæвнæлдта. Йæ фыдæн та уыцы æнæниздзинад æмæ тыхтæ нæ уыд, цæмæй разил — базил кæна алы инстанцтыл.

Бацæуын хъæуы кусынмæ, цæмæй фæхæст уа ног цардыл. Иосифы ныхæстæм гæсгæ, Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим сын загъта куысты бынæттæ кондады.

Ныр уал уый ногæй зонгæ кæны йæ горæт, æмбæлттæ, хиуæттæимæ, ног адæмимæ æмæ архайы ног цард райдайыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0