Турашвили Борис: нæ федтон, куыд райгуырд ӕмӕ рæзт мæ чызг

© Sputnik / Михаил ХасиевБорис Турашвили
Борис Турашвили - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ссæрибаргонд лæппу кæронмæ не ‘нкъары, сæрибар кæй у æмæ йæ бон у фидæн аразын. Дзуры, зæгъгæ йæ нырма хъæуы куыст ссарын, къахыл слæууын, уый фæстæ та бинонтæ æркæныныл хъуыды кæнын.

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. Борис Турашвили фыццаг хатт йæ чызджы федта, фондз азы йыл куы сæххæст, уæд. Гуырдзыстоны хицауад æй æрцахста 2008 азы январы, сывæллонмæ куы æнхъæлмæ кастысты, уæд. Гуырдзиаг ахæстæтты уый арвыста даргъ фараст азы.

Борис æртæ ирон æмбæстагимæ, кæцыты 2005 азы Гуырдзыстоны æрцахстой теракт саразыны хъуыддаджы тыххæй, ивгъуыд къуыри æрыздæхт райгуырæн бæстæмæ. Цхинвалы сæйраг фæзуаты уыдоныл æмбæлдысты цины æнкъарæнтæй йемыдзаг хиуæттæ æмæ республикæйы цæрджытæ.

"Нæ федтон, куыд райгуырд ӕмӕ рæзт мæ чызг. Фараст азы мидæг фембæлдыстæм æрмæстдæр дыууæ хатты. Фыццаг хатт æй федтон фондзаздзыдæй", — дзуры Борис.

Хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгты Абхазы баивтой гуырдзиаг ахӕстытыл

Уый райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы, каст фæцис фæндзæм астæуккаг скъола, бынæттон техникумы иста бухгалтеры профессийы зонындзинæдтæ, тырныдта йӕ фидæн саразынмӕ. Борисы дада æмæ нана цардысты Тбилисы, хаттæй хатт сæм цыд уазæгуаты. Уым базонгæ йæ цардæмбалимæ дӕр — ирон чызгимæ.

"2007 азы фæстæмæ ацыдтæн Тбилисмæ, мæ цардæмбал уæдмæ æнхъæлмæ каст сывæллонмæ æмæ йæ хъуамæ ракодтаин Цхинвалмæ. Уæд мæ æрцахстой. Фыццаг ницы зыдтон, ничи мын ницы æмбарын кодта, цæй тыххæй мæ æрцахстой", — дзуры Борис.

Гуырдзыстоны "рæсттæрхоны" раз цы фæрæдыд, уый Турашвили базыдта тæрхонон равзæрсты рæстæджы. Уый дзуры, зæгъгæ-иу йæм æрвылбондæр æрбакодтой цавæрдæр адæмы, кæцытæ слестгæнджыты фарстайæн: "Ацы лæппу уыд?", уыдон дзуапп кодтой: "Уый уыд". Уый фæстæ йын загътой, цæмæй æмгуыст кæна гуырдзыстойнаг сæрмагонд службæтимæ, фӕлӕ 21-аздзыд лæппу цæхгæр не сразы. Уæды рæстæгмæ Борис уыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы хайы кусæг.

"Кæй зæгъын æй хъæуы, уым зыдтой мæ куысты тыххæй æмæ мын æвиппайды банхъардтой æмгуыст кæнын. Куы сын не ‘сразы дæн, уæд мæ æвиппайды фæаххосджын кодтой цалдæр фыдракæнды, уыдон нымæцы адæймаджы адавыны хъуыддаджы дæр. Тæрхондоны вердикт — 27 азы", — мысы Борис.

Освобожденных из грузинских тюрем граждан РЮО встречали в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстоны ахӕстӕттӕй ссӕрибаруӕвӕг лӕппутыл сӕмбӕлдысты Цхинвалы

Кӕй ницыгӕнӕг у, уый нæ бантыст сбæлвырд кæнын æртæ адвокатæн дæр. Иу адвокатæн дзы фæлвæрдта бамбарын кæнын, ома кæд аххосджын дӕн, уæд фыдракæнды бынаты цæуылнæ ссардтой исты æвдисæнтæ, зæгъæм, æнгуылдзты тæлмæнтæ.

"Уый фæстæ ма цæмæй хъуамæ бавæрдтаин ныфс?", — у Борисы фарст.

Ахæстон Борисæн фехæлдта йæ бинонты цард — ахицæн йæ цардæмбалæй. Дзуры, зæгъгæ, йæхи фæндон уыд — афтæ растдæр уыд, дыууын аст азы ахæстоны къæсæрæй кæй нæ рахиздзæн, уый хынцгæйæ. Сылгоймаг дӕр сразы.

Йæ ахæстоны "цард" ницæмæй хицæн кодта иннæ ахæстыты цардæй — иу ахæстонæй æндæрмæ раконд, мæй иу хатт йæ мадимæ цыбыр фембæлдтæ æмæ карцер, Хуссар Иры хæст куы цыд, уæд.

"Хæст куыддæр райдыдта, афтæ мæ ныппæрстой карцеры, цыран арвыстон 20 боны. Фæстæдæр, нæ хæдбардзинад банымайыны хабар фехъусыны фæстæ, мæ цинæн кæрон нал уыд", — мысы Борис.

Цалдæр хатт бахауд амнистимæ дæр. Фæкъаддæр-иу ын кодтой йе ‘мгъуыд, фæлæ та æнæ исты аххæсаг бамбарын кæнгæйæ фæстæмæ бафтыдтой.

"Цы сæ фæндыд, уый арæзтой. Нæ мæ уырныдта æмæ мæ ахæсты æмгъуыд кæронмæ куы бахæццæ уа, уæддæр мæ ссæрибар кæндзысты, уый", — дзуры Борис.

Коцты Иосиф: кӕй нӕ ссӕрибар кӕндзысты, уый махӕй никӕй уырныдта

Иннæ æртæ ссæрибаргонд ирæттимæ иухатт дæр никуы фембæлд, никуы дæр уыдон тыххæй исты фехъуыста. Базонгæ сты хæдзармæ, Цхинвалмæ фæндагыл.

Ссæрибар кæнынæй æртæ бон раздæр æй ракодтой Кутаисы ахæстонмæ. Æрбацыд æм ахæстоны сæргълæууæг æмæ загъта, цæмæй йæхи сцæттæ кæна. Борисы фыццаг хъуыды уыд, ома у хуымæтæг басгæрст. Стæй йын фехъусын кодтой, æндæр ахæстонмæ йæ кæй кæнынц, фæлæ нæ загътой, кæдæм.

"Фиппайдтон æй хæдзармæ кæй цæуын, фæлæ мæ уырнгæ нæ кодта. Кутаисмæ æрбахæццæ стæм æмбисæхсæв, уым нын нæ къух æрфыссын кодтой гуырдзиаг президенты номыл курдиатыл. Дыккаг бон уыдыстæм абхазаг-гуырдзиаг арæныл", — дзуры Турашвили.

Ссæрибаргонд лæппу кæронмæ не ‘нкъары, сæрибар кæй у æмæ йæ бон у фидæн аразын. Дзуры, зæгъгæ йæ нырма хъæуы куыст ссарын, къахыл слæууын, уый фæстæ та бинонтæ æркæныныл хъуыды кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0