Ветеран: хӕст мӕ ныууагъта сахъхъатӕй, ме ‘мгӕрттӕй та бирӕтӕн аскъуыдта сӕ цард

© Sputnik / Фатима ПлиеваВетеран Гатыгкоты Захар
Ветеран Гатыгкоты Захар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы раздæры Советон Цæдисы тыгъдадыл нысан кæнынц фыдохы ӕмӕ мысӕн бон - 75 азы размæ 22 июны райдыта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ацы боныл ӕрвылаз дӕр стыр хъыгзӕрдӕйӕ ӕмбӕлы Цхинвалы иууыл хистӕр ветеран Гатыгкоты Захар – хӕст ын йӕхи ныууагъта сахъхъатӕй, йе ‘мгӕрттӕй та бирӕтӕн аскъуыдта сӕ цард.

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы иууыл карджындӕр хæсты хайадисæг Гатыгкоты Захар ӕрвылаз дӕр Фыдохы ӕмӕ мысӕн боныл ӕмбӕлы хъыгзӕрдӕйӕ — тугкалӕн хӕст ын йе ‘мгӕрттӕй бирӕты цард аскъуыдта, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕцӕфтӕ ис йӕхӕдӕг дӕр. Ныр йӕ сæдæйæм азы юбилейы къæсæрыл дӕр ветеран ирдӕй хъуыды кӕны 75 азы размӕ абоны бон — немыцаг фашистты ӕрбабырстимӕ уӕды ӕвзонг лӕппуйӕн дӕр цӕхгӕр фӕивта йӕ цард.

Ветеран Гатыгкоты Захар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ хӕсты ветеран

Захар Иосифы фырт у, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантӕй ма сӕрӕгас чи у, уыдонӕй иууыл хистӕр — куырыхон дада бахызт йӕ сӕдӕйӕм азы. Бавзӕрста цыппар хӕсты — Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты размӕ архайдта Финляндиимӕ хӕсты. Афтӕ куы загъта, йӕ хъизӕмӕрттӕ фесты, фӕсхӕстон сабыр цард сӕндидзыдта, уӕд та знаг ӕрбабырста йӕ чысыл райгуырӕн бӕстӕм 90-ӕм ӕзты, стӕй та 2008 азы. Кӕд фӕстаг хӕстыты рӕстӕджы Захар ацӕргӕ нӕлгоймаг уыд, хӕстон архайдтыты комкоммӕ хайад нӕ иста, уӕддӕр ын йӕ адӕмы трагеди, йӕ Ирыстоны фыдбон йӕ зӕрдӕйы ныууагътой арф фӕд.

Гатыгкоты Захар райгуырд Знауыры районы 1917 азы 18 июны. Уыд цоты хистӕр, фӕцис ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндон Львовы ӕмӕ Германимӕ хӕсты тӕккӕ райдайӕны бахауд тохмӕ.

"Мӕ фыд иу раздӕр арӕх ӕрымысыд йӕ хӕстон хабӕрттӕ, фӕлӕ стӕй нал уарзта хӕсты кой кӕнын. Цалдӕр хатт бахауд уӕззау тохты. Ныгуылӕн Украинӕйы горӕт Львовы 323 дивизийы, кæцыйы сконды тох кодта мӕ фыд, уыд бирӕ ирон лӕппутӕ ӕмӕ иу ӕрымысыд йæ хъӕуккаг лӕппуйӕн йӕ къах куыд ахауд тохы рӕстӕджы, йе ‘мбӕлттӕй бирӕтӕ та хӕстӕй нал ӕрыздӕхтысты", — дзуры ветераны чызг Зӕринӕ.

Захарæн дæр амонд бирæ не ‘мдзу кодта йемæ æмæ 1942 азы Мӕскуымӕ хӕстӕг тохты райста уӕззау цӕфтӕ.

"Фӕдӕн уӕззау цӕфтӕ. Мӕ къахы цалдӕр схъис кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ дохтыртӕ фӕнд кодтой бынтондӕр алыг кӕнын. Уӕд дзы иу ӕвзонг сылгоймаг дохтыр уыд ӕмӕ мын фӕтӕригъӕд кодта, афтӕ ӕвзонгӕй мӕ сахъхъатӕй ныууадзын йӕ цӕст нӕ бауарзта ӕмӕ ныхас радта кӕй мын схос кӕндзӕн", — мысы ветеран.

Дохтыр ӕцӕгдӕр йӕ ныхасӕн дзуапдӕттӕг разынд ӕмӕ Захары йӕ къахыл слӕууын кодта, фӕлӕ нӕмыджы схъистӕ баззадысты уым. Мӕскуыйы рынчындонӕй рацыд дыккаг къорды инвалидӕй ӕмӕ йын хӕсты архайыны фадат нал уыд. Ӕрыздӕхт Ирыстонмӕ ӕмӕ кусын райдыдта йӕ райгуырӕн хъӕу Хундисубаны хицауӕй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЗахарӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕны йе ‘нгом ӕмӕ хъӕрмуд бинонтӕй, цӕ цот ӕмӕ цоты цотӕй
Ветеран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Захарӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕны йе ‘нгом ӕмӕ хъӕрмуд бинонтӕй, цӕ цот ӕмӕ цоты цотӕй

Йӕ хъайтардзинады тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд Фыдыбӕстӕйон хӕсты фыццаг къӕпхӕны Орденӕй, ӕдыппӕтӕй та йӕ хорзӕхтӕ сты 20 онг.

Хӕстон цӕфтӕ сӕхи уӕлдай тынгдӕр равдыстой зӕрырдӕм, нӕмыджы схъистӕ хъыг дарынц Захары цӕуынӕн. Фӕстаг дыууӕ азы ӕгӕрыстӕмӕй 9 майы Уӕлахизы цытӕн мадзӕлттӕм дӕр нал ацӕуы. Фӕлӕ уыдӕттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, Захар Иосифы фырт райгонд у йӕ цардӕй — йӕ зӕрдӕ рухс кӕны йе ‘нгом ӕмӕ хъӕрмуд бинонтӕй, цӕ цот ӕмӕ цоты цотӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0