Хуссарирыстойнаг рӕстдинонтӕ ӕрзылдысты рагон алайнаг горæтыл Хъырымы

© Sputnik / Алайнаг епархийы пресс-службæЧырыстон балц
Чырыстон балц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æмфæндаггонтæ уыдысты Симферополь, Ялта, Феодосия æмæ рагон алайнаг горæты. Сæ фыдæлты ингæныл сæвæрдтой дзуар иумӕйаг цыртимӕ, афтӕ ма дидинтæ сæвæрдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон хъайтарты цыртыл ӕмӕ ауагътой Хуыцаумæ скуывдтæ.

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг рӕстдинонтӕ Хъырыммæ чырыстон балцы рӕстӕджы ӕрзылдысты райдайæн астæузаманы алайнаг горæтыл, фехъусын кодта Sputnik Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков Хетӕгкаты.

Ирон адæмæн Хъырымы зæххимæ ис бирæ бастдзинæдтæ. Райдайæн астæузаманы ам уыд алайнаг горæт, баззад дзы бирæ археологон иртасинаг æрмæг, ам фенæн ис алайнаг кувæндæтты пырхæнтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цы ирон æфсæдтонтæ ныккалдтой сæ туг, уыдонæй алкæцы æртыккаг дæр фӕмард Хъырымы зæххыл. Уымӕ гӕсгӕ августы райдианы рӕстдинонтӕ, сӕ сӕргъ фыд Иаков, афтӕмӕй афӕндараст сты чырыстон балцы Хъырыммӕ.

"Иу къуырийы бæрц ахаста нæ балц. Хъырымы зæхмæ ныххæццæ стæм 7 августы. Балцы рӕстӕг ӕрхаудта Хуссар Ирыстоны ног историйы уӕззаудӕр трагедийы мысӕн бонтӕм, уымæ гæсгæ хъырымаг ирон динамонæг Владимиримæ (Кокойты) ауагътам 2008 азы хæсты амæттæгты мысæн скуывдтæ", — радзырдта динамонæг.

© Алайнаг епархийы пресс-службӕХуссарирыстойнаг рӕстдинонты чырыстон балц
Хуссарирыстойнаг рӕстдинонты чырыстон балц  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг рӕстдинонты чырыстон балц

Чырыстон балцы сконды уыдысты епархийы ӕмӕ рӕстдинон ӕфсымӕрдзинад "Алайнаг дзуар" минӕвӕрттӕ, Цӕгат Ирыстоны археологи ӕмӕ историйы институты зонадон кусӕг Мамиты Михаил. Фӕстӕдӕр ма ӕмбӕлццонты нымӕцмӕ бацыдысты Мӕскуы ӕмӕ Хъӕрӕсе-Черкесы ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ дӕр.

"Ирон æгъдаумæ гæсгæ скодтам нæ хъуыддæгтæ Хъырымы зæххыл. Афтæ ма дидинтæ сæвæрдтам Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты цыртыл — се ‘хсӕн уыд ирон хъайтар дӕр, Коцтӕй", — банысан кодта уый.

Æмфæндаггонтæ æрзылдысты сæ фыдæлты цæрæнбынæттыл, стæй бабæрæг кодтой горæттæ Симферополь, Ялта, Феодосия æмæ рагон алайнаг горæты пырхӕнтӕ.

"Уыцы бонты мах федтам бирӕ диссæгтæ, ам сты нæ фыдæлты хæзнатæ. Бынæттонтæ хорз зонынц, ам аланты бынтæ кæй сты. Дидинтæ сæвæрдтам нæ хъайтарты цыртытыл, скуывтам ирон æвзагыл. Цалынмæ нæ фыдæлтæн кад кæнæм, не ‘гъдæуттæ хъахъхъæнæм æмæ не ʻвзаг зонæм, уæдмæ уыдзыстæм ирон адæм", — радзырдта балцы архайæг, хъæрæсе-черкесаг ирон диаспорайы уæнг Хетæгкаты Зауыр.

© Sputnik / Пресс-служба Аланской иепархииРагон алайнаг горæт Хъырымы
Крестный ход - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рагон алайнаг горæт Хъырымы

Балцӕн канд монон нысаниуӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма зонадон-практикон дӕр — рӕстдинон балцы хайад райста Цӕгат Ирыстоны археологи ӕмӕ историйы институты кусæг Мамиты Михаил.

"Кæд уым цæрæг адæмæн бæрæг у, ацы зæххыл раздæр кæй цард алайнаг адӕм, уæддæр сæ бынтæ сахуыр кæнын фæнд никæмæ ис. Мамиты Михаилы ныхæстæм гæсгæ, уым ис нæ историйæ бирæ цымыдисон æрмæг. Ам фенæн ис канд алайнаг кувæндæтты пырхæнтæ нæ, фæлæ ма нæ фыдæлты цæрæн горæт дӕр. Уым, нӕ фыдæлты ингæныл ма сæвæрдтам дзуар иумӕйаг цыртимӕ ӕмӕ дзы ныккалдтам Ирыстонæй хаст сыджыт", — зæгъы фыд Иаков.

© Пресс-служба Аланской иепархииРагон алайнаг горæты цур Хъырымы
Крестный ход - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рагон алайнаг горæты цур Хъырымы

Уый ма радзырдта, кæд фæндаг уыд зын, уæддæр æмбæлццонтæ се ʻппæт дæр кӕй равдыстой фидар удыхъæд, быхстой зындзинæдтæ æмæ та фæнд кæнынц ног балцмæ сæхи срæвдз кæнын.

"Мах фæнд кæнæм ахæм балцытæ саразын æрвылазон. Стæй ма хъуамæ абалц уæм Хъæрæсе —Черкесы ирон кувæндæттæм. Æввахс плӕнтты та нын ис октябры ацæуын Ярославль æмæ Владимирмæ, цы ран ис Ясаг Марияйы номимæ баст кувæндæттæ", — балхынцъ кодта йæ ныхæстæ динамонæг.

Рӕстдинонты балц арӕзт цӕуы Алайнаг епархийы хъӕппӕрисӕй, паддзахады сӕргълӕууӕджы финансон ӕххуысы фӕрцы, хъахъхъӕнынад ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады æмархайдæй. Йæ саразыны инициативæ раразмæ кодта амалиуӕггӕнӕг Кæркуысты Дзамболат, кæцы уымæй размæ уыд Хъырымы.

Ног хабӕртты лентӕ
0