Ирон дохтыр агуры, Спитакы зӕххӕнкъуысты фӕстӕ цы чызджы фервӕзын кодта, уый

© FacebookПациентка Казбека Кудзаева, пострадавшая во время Спитакского землетрясения
Пациентка Казбека Кудзаева, пострадавшая во время Спитакского землетрясения - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгатирыстойнаг дохтыр Къудзойты Хъазбег, кӕцы 1998 азы куыста Спитакы зӕххӕнкъуысты зонӕйы, агуры, уыцы уӕззау трагедийы фӕстӕ цы чызгӕн баххуыс кодта, уый. Абоны онг дӕр ӕй йӕ бон нӕу ферох кӕнын.

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik, Арменуи Мхоян. Спитакы зӕххӕнкъуыст 1988 азы бирӕтӕ хорз хъуыды кӕнынц. Уыцы уӕззау бонтӕ сты удӕгас, ӕрмӕст трагеди чи бавзӕрста, уыцы адӕмы нӕ, фӕлӕ ма сӕм уыцы рӕстӕджы йе ′ххуысы къух чи фӕдаргъ кодта, уыдон зӕрдӕты дӕр.

Дохтыр Къудзойты Хъазбег хорз хъуыды кӕны 1988 азы цаутӕ. Зӕххӕнкъуыстӕй 28 азы фӕстӕ дохтыр, кӕцы цӕры ӕмӕ кусы Дзӕуджыхъӕуы, ныффыста зӕрдӕмӕхъаргӕ пост йӕ фарсыл социалон хызӕг Facebook-ы.

"Фӕнды мӕ базонын ацы сывӕллоны хъысмӕт, кӕцыйӕн не ′рцыды размӕ алыг кодтой йӕ иу къах ӕмӕ иннӕ дӕр цӕттӕ кодтой ампутацимӕ. Уый уыд сомихстойнаг зӕххӕнкъуысты рӕстӕджы. Махӕн бантыст йӕ рахиз къах бахъахъхъӕнын. Уый зыдта, кӕй фӕнд кӕнын Курганмӕ атӕхын ӕмӕ сразы кодта йӕ мады палатӕ сфӕлындын гирляндӕтӕй, скодта коронӕ ӕмӕ загъта йӕ мадӕн: "Дохтыр фендзӕн куыд рӕсугъд нӕм у, ӕмӕ нал ацӕудзӕн". Кӕрӕдзийӕ фӕиппӕрд стӕм тухӕйнагӕй. Нӕ дыууӕ дӕр нӕ цӕссыг нӕ урӕдтам…", — ныффыста дохтыр.

Sputnik Армения уацхӕссӕгимӕ ныхасы рӕстӕджы дохтыр радзырдта, 9 декабры, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ бон фӕстӕдӕр, академик Елизаровы номыл ортопеди ӕмӕ травматалогийы зонадон центры профессионалон къорд кӕй ратахт Сомихстонмӕ. Дохтырты командӕ адих ӕртӕ къордыл, сӕ иу Къудзойты Хъазбеджы сӕргълӕудӕй араст Микаеляны номыл еревайнаг институтмӕ.

Сомихстоны дохтыр фӕцис 31 декабры онг, фӕлӕ дыууӕ мӕйы фӕстӕ ӕрыздӕхт, цӕмӕй сисой Елизаровы аппарат.

"10 боны мидӕг сарӕзтон 33 операцийы. Микрохирургийы хайады пациенттӕн сӕ фылдӕр уыдысты мӕн. Ацы бонтӕ йемыдзаг уыдысты трагеди, уӕззау рис, хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕй. Уыцы рӕстӕджы сӕвӕрдтон рекорд, райсом фараст сахатӕй иннӕ райсом ӕхсӕз сахаты онг 13 операци саразгӕйӕ. Дыууӕ пациентӕн бантыст бахъахъхъӕнын сӕ къабазтӕ — иуӕн йӕ къах, аннӕмӕн та йӕ къух… Дыууӕ мӕйы фӕстӕ ӕрыздӕхтӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр сисон Елизаровы аппараттӕ", — радзырдта дохтыр.

© FacebookКъудзойты Хъазбег ӕмӕ йӕ пациенткӕ
Къудзойты Хъазбег ӕмӕ йӕ пациенткӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Къудзойты Хъазбег ӕмӕ йӕ пациенткӕ
© FacebookКъудзойты Хъазбеджы пациенткӕ
Къудзойты Хъазбеджы пациенткӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Къудзойты Хъазбеджы пациенткӕ
© FacebookКъудзойты Хъазбег
Къудзойты Хъазбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Къудзойты Хъазбег
© FacebookКъудзойты Хъазбег
Къудзойты Хъазбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Къудзойты Хъазбег
1/4
Къудзойты Хъазбег ӕмӕ йӕ пациенткӕ
2/4
Къудзойты Хъазбеджы пациенткӕ
3/4
Къудзойты Хъазбег
4/4
Къудзойты Хъазбег

Къудзойы фырт арвыста Sputnik Армениямӕ, уыцы бонты операцитӕ кӕмӕн скодта, уыцы пациентты къамтӕ, кӕцыты хсӕн уыд чызджы къам дӕр.

"Уыдон сты, уыцы бонты Сомихстоны цы операцитӕ сарӕзтон, ӕрмӕстдӕр уыдоны иу хай. Алкӕй дӕр хъуыды кӕнын, фӕлӕ уыцы сывӕллоны иннӕтӕй фылдӕр ӕмӕ мӕ фӕнды базонын йӕ дарддӕры хъысмӕт. Куы цыдтӕн, уӕд нӕ дыууӕ дӕр ӕмкуыд кодтам. Афтӕ тынг мын ныхъхъӕбыс кодта, ӕмӕ йӕ йӕ мад тыххӕй аскъуыдта мӕнӕй", — загъта дохтыр.

Къудзойты Хъазбег — хирург, медицинон зонӕдта кандидат, Къудзойты Хъазбеджы номыл клиникӕйы бындурӕвӕрӕг, фервӕзын кодта бирӕ цӕрдтӕ. Фӕлӕ уыцы бонты уый сомихаг пациенттӕн цы ӕххуыс бакодта, уымӕн аргъ нӕй. Уый адӕмы бауагъта ныфс. Ныфс сомбоны мидӕг, цард дарддӕр кӕй цӕуы. Ацы ӕбуалгъ трагедийӕ рацыд 28 азы. Дохтыры пациентты хъысмӕт дарддӕр куыд у, уый зын зӕгъӕн у. Фӕлӕ иу хъуыддаг ис зӕгъӕн ӕнӕгуырысхойӕ, ӕмӕ рӕдыд нӕ уыдзӕн: уыдон нӕ ферох кодтой, цард сын чи балӕвар кодта, уыцы адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0