Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Сомихаг хуыйджыты цард Цхинвалы

© Sputnik / Алексей КовалевГоар
Гоар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сомихаг бинонтæ Цхинвалмæ æрцыдысты цыппар азы размæ. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ Хуссар Ир афтӕ тынг балхæдта ног цæрджыты зæрдæтæ æмæ йæ дунейы никæцы бæстæйыл нал баивдзысты.

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг сомихӕгтӕ Амбарян Гоар æмæ йæ чызг Лилит сæ заказтыл нал æххæссынц — хуыйынц къабатӕ, хæлæфтæ, хæдæттæ, машинæты салонтӕн фæлыстытӕ, стæй ма сæ куысты иу хай та хауы дарæс фæуынгæг, науæд та фæкъаддæр æмæ фæцыбырдæр кæнынмæ.

Сомихаг бинонтæ Цхинвалмæ æрцыдысты цыппар азы размæ. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ Хуссар Ир афтӕ тынг балхæдта ног цæрджыты зæрдæтæ æмæ йæ дунейы никæцы бæстæйыл нал баивдзысты.

"Цыппар азы цæрæм ам. Иуцъус Дзæуджыхъæуы куы аззайын æмæ уым хуссарирыстойнаг машинæйы номыртӕ ирон тырысаимæ куы фенын, уæддæр æрымысын Цхинвал æмæ мӕ ӕрфӕнды тагъддӕр хæдзармæ", — дзуры Лилит.

Хуссар Ирыстонмæ се ʻрцыды агъоммæ бинонтæ 21 азы фæцардысты Украинӕйы, горæт Харьковы, уымæй размæ та сæ райгуырæн Сомихстоны. Сæ цардвæндагыл сæ хъысмæт цы бæстæтыл ракодта, уыдонæй Ирыстон нымайынц хуыздæрыл. Фыццаг Цхинвалмæ куыстагур æрыфтыд бинонты хистæр Марат.

Камо Сирадегян: уæ уæлибæхтæ дӕр хæрзад сты

"Фыццаг æрцыд Цхинвалмæ мæ фыд, уый куыста горæты æндидзынгæнæн куыстыты. Бæстæ æмæ адæм йæ зæрдæмæ афтæ фæцыдысты æмæ сфæнд кодта йæ бинонты ардæм æркæнын. Куы æрцыдыстæм Ирыстонмæ, уæд бамбӕрстам, йæ зæрдæ йын афтæ тынг цы балхæдта — хӕларзӕрдӕ адӕм, диссаджы ӕрдз, сабыр горӕт, рӕсугъд чызджытӕ", — дзуры Лилит.

Ацы цыппар азы дӕргъы арæхстджын хуыйджыты базыдтой горæты, сæхицæн скодтой хорз дизайнерты ном. Стæм адæймаг аззад Цхинвалы, Джиоты Аланы проспектыл ателье "Данилы" къæсæрæй чи нæ бахызт. Гъæдджын куыст æмæ хорз ахаст æлвасы бирӕнымӕц клиентты, сæ къухæй рацæугæ дарæсы тезгъо кæнынц Цхинвалы цæрджытæ. Рацарæзт дарӕсӕн та банымайӕн дӕр нӕй.

Хуыйæджы дæсныйадыл фыццаг ныххæцыд Лилиты нана Ася, уымæй ацы куыстыл фæцайдагъ ис йæ мад Гоар, уый фæстæ та чызг йæхæдæг дæр.

"Райстон ахуырад хуыйæджы дæсныйады фæдыл, дыууæ дипломы хицау дæн, ис мын иууыл бæрзонддæр разряд, фæлæ сæйраг уæддæр у фæлтæрддзинад", — загъта Лилит.

© Sputnik / Алексей КовалевАмбарян Гоар æмæ йæ чызг Лилит
Гоар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Амбарян Гоар æмæ йæ чызг Лилит

Лилит фыццаг йæ курдиат фæлвæрдта йæ куклатыл, фæстæдæр уыдон раивта йæ кæстæр хо Рима — хуыдта йын алыгъуызон уӕлӕдарӕс, афтæ цадæггай ахуыр кодта хуыйын чызг. Ныр та бинонтæ цадæггай ахуыр кæныц сæ ног райгуырæн бæстæйы æвзаг. Фыццаг уал райдыдтой, сæ куысты арӕх цы дзырдтыл æмбæлынц, уыдонӕй.

"Исчи нӕм æрбахизы ательемӕ, уæд фыццаг афæрсы: "кусут"? Раздæр-иу сын æз дæр дзуапп дæттон "кусут". Фæлæ ныр зонын, кæй хъæуы дзурын "кусæм". Стæй ма сахуыр кодтон иронау дарæсы нæмттæ дӕр — хæлаф, къаба, хӕдон, гыццыл, стыр, уынгæг æмæ æндæр дзырдтæ", — ӕппӕлы чызг.

Гоар ӕмӕ Лилит бафæлвæрдтой Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы бакусын дæр, фæлæ сын уым сæхиуыл бакусынæн уыд къаддæр амæлттæ. Сæ ательейы та дыууæ зæронд, цæсты ӕнӕахадгæ, фæлæ диссаджы миниуæгджын машинæтыл цыргъ кæнынц сæ арæхстдзинад.

© Sputnik / Алексей КовалевЛилит нæ тæрсы вазыгджын заказтæй дӕр
Гоар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лилит нæ тæрсы вазыгджын заказтæй дӕр
Мад ӕмӕ чызг нæ тæрсынц вазыгджын заказтæй дӕр — райсынц рацаразынмæ зынаргъ кæрцтæ дӕр, бахуыйынц ма суанг машинæйы бадӕнтӕн цъӕрттӕ дæр.

"Тынг уарзын машинæтæ, уымæ гæсгæ никуы аздахын машинæйы салоны фæлыст, кӕд тынг вазыгджын куыст у, уӕддӕр. Стæй ма зын архайæн у кæрцтимæ дӕр. Фӕлӕ нӕм сӕ хӕссынц. Уый бæрц куыст нæм ис æмæ хаттæй-хатт нал фæисæм заказтæ дæр. Мæхицæн исты бахуыйыны рæстæг дæр мын нæй", — дзуры Лилит. 

Лилиты хо Римайæн йӕ бинонты дæсныйадмæ ис уазал ахаст. Уый ахуыр кæны ХИПУ-йы математикæ æмæ информатикæйы факультеты, æрмдæсныйӕдтæй та йӕ чысыл цымыдис кæны æрмæстдæр бийыны хъуыддаг.

"Ахуыры рӕстӕджы практикæ рацыдтæн Паддзахадон телеуынынады. Ам мæ зæрдæмæ тынг фæцыд монтажы куыст æмæ бæллын ацы дæсныйады мæхи бафæлварын. Сæрибар рæстæг та бийын худтæ æмæ æндæр дарæс", — загъта Рима.

Ушанг и Заур Козаевы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Козаты дыууӕ ӕфсымӕры – дыууӕ адӕмон нывгӕнӕджы

Бинонты сæйраг уæнг та у Лититы чысыл фырт Данил. Сæ ательейыл дæр сӕ чысыл хуры ном сæвæрдтой. Уый Цхинвалы бацыд скъоламæ, ис ын хӕлар ахастытӕ бынӕттон сывӕллӕттимӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бинонтæй иууыл хуыздæр уый зоны ирон æвзаг.

"Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ Данил зоны æнæкӕсгæйæ, хатгай сӕ заргӕ дӕр бакӕны", — дзуры Рима.

Бинонты хъуыдымæ гæсгæ, Ирыстон æмæ Сомихстонӕн бирӕ ис æнгæсдзинӕдтӕ. Уыдон хорз зонынц дыууӕ бӕстӕйы рагон истори дӕр ӕмӕ буц сты, дыууӕ адӕмты фыдӕлтӕн кӕй уыд хъарм ахастытӕ.

"Рагзаманты дæр ирæттæ æмæ сомихӕгтæн уыд хӕларадон бастдзинæдтæ. Афтӕ у ныр дӕр. Ам цы цæрæм, уыцы рæстæг базонгæ дæн бирæ бынæттон сомихæгтимæ, уыдонæй иу дӕр йæхи ам ацæгӕлон нӕ хаты. Ирон адæм сты тынг зæрдæхæлар æмæ уазӕгуарзаг ӕмӕ махӕн тынг ӕхсызгон у, се хсӕн кӕй цӕрӕм", — балхынцъ кодтой хотӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0