Цӕмӕй цӕры Ленингор

© Sputnik / Фатима ПлиеваЗамок-дворец Касанских Эриставов
Замок-дворец Касанских Эриставов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы цæрджыты ныфс ис, Цхинвалы хæсты фæд куы аиуварс кодтой, уӕд ныр та уыдонмæ кӕй раздахдзысты хъусдард.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ленингор, Хуссар Ирыстоны столицæйæ иууыл дæрддзæфдæр район, у растдӕр мӕлдзгуыты губаччы хуызӕн — фӕйнӕрдыгӕй абухынц арӕзтадон куыстытӕ. Сӕ иутæ балхынцъ сты, аннæтæ сты кӕронбӕттӕны стадийыл, æртыккæгты куыстытæ сты сæ тæмæны. Районы цæрджыты ныфс ис, Цхинвалы хæсты фæд куы аиуварс кодтой, уӕд ныр та уыдонмæ кӕй раздахдзысты хъусдард.

Ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг æмдзæрæн

Ленингор республикæйы районтӕй у иууыл интернационалондӕр. Ам цæрынц ирæттæ, уырыссæгтæ æмæ гуырдзиæгтæ, рахатæн дзы ис сомихаг фæд дӕр — поселочы центрмӕ хӕстӕг ис зæронд сомихаг уæлмæрд.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЗӕронд сомихаг уӕлмӕрд Ленингоры
Армянское кладбище в Ленингоре  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зӕронд сомихаг уӕлмӕрд Ленингоры

Уынгты хъуысы гуырдзиаг æмæ уырыссаг ныхас, хæдтулгæтæй та — ирон зарæджы мелодитæ. Сабидоны арæзтады гуырдзиаг кусæгмӕ ирон ӕвзагыл фарст хъыг фӕкаст, тызмæгæй дзуапп дæтты — "по-русски говори!".

Районы администрацийы раз лæууы æртæ зындгонд гоймаджы бюстытæ — ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста, гениалон уæрæсейаг фыссæг Александр Пушкин æмæ XII æнусы поэт Шота Руставели.

© Sputnik / Плиты ФатимаХетæгкаты Къоста, Александр Пушкин æмæ Шота Руставели.
Хетæгкаты Къоста, Александр Пушкин æмæ Шота Руставели. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хетæгкаты Къоста, Александр Пушкин æмæ Шота Руставели.

Цæрджытæ хъазгӕйӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ацы æртæ лæджы хсæн цæуы баныхастæ æмæ куыд бадзурой, афтæ цæудзæн цард Ленингоры районы дарддӕр.

Ног аргъуан

Алайнаг епархи районæй рацæугæ меценатты æххуысæй 2016 азы поселочы центры самадта Фырсыгъдæг Мадымайрæмы райгуырды номыл аргъуан. Аст дидинсыфы хуызы агъуыст ссис епархийы фыццаг кувӕндон районы. Ныридæгæн аргъуаны æппæт арæзтадон куыстытæ дӕр фесты, епархи архайы уазнывтæ æмæ æндæр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг æрмæджытӕ самал кӕнын, цӕмӕй динамонджытӕ райдайой Хуыцаумӕскуывдтӕ уадзын ногарæзт аргъуаны.

"Фырсыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны мидæгæй сæвæрдзыстæм нывондхæссæн, уазнывæтæ, паддзахбадæн æмæ æндæр хъæуæг чырыстон æрмæг. Уалдзæгмӕ, Стыр комдарæны рæстæгмӕ ам æппæтдæр хъуамæ уа цæттæ æмæ дзы райдайæм уадзын Хуыцаумӕскуывдтӕ", — радзырдта Алайнаг епрахийы къухдариуӕггæнæг, фыд Иаков (Хетæгкаты).

© Sputnik / Фатима ПлиеваФырсыгъдæг Мадымайрæмы райгуырды номыл аргъуан Ленингоры
Церковь святой Богородицы в Ленингоре  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фырсыгъдæг Мадымайрæмы райгуырды номыл аргъуан Ленингоры

Динамонæг ма радзырдта, ногарæзт аргъуаны Мадымайрæмы Райгуырды бæрæгбоны цӕрджытӕ æвдисæн кæй уыдысты диссагæн.

"Спортсментæ нын балæвар кодтой XVIII — XVIV ӕнусты фыст уазныв. Мадымайрæмы бæрӕгбоны Хуыцаумæскуывды рæстæджы уазныв райдыдта цæссыг калын, уый чырыстон дины нымад цæуы стыр диссагыл", — загъта фыд Иаков.

Цырт фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн

Ленингоры райцентр ма рарӕсугъд кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн мемориал. Цырт у 5 метры бæрзæндæн, конд у дыууӕ гарзджын æфсæддоны скульптурӕтӕй, сӕ сӕрмӕ Хуссар Ирыстоны герб. Ныридӕгӕн ма мемориалы алыварс хӕрзарæзт цæуы сквер. Бынӕттон цӕрджытӕн ацы цырты арӕзтадмӕ уыд алыгъуызон ахаст. Кӕцыдӕртӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гуырдзиаг мыггагхӕсджытӕ, нымадтой, цыртытӕ кӕй хъӕуы ӕвӕрын, комкоммӕ хӕстон архӕйдтытӕ цы бынӕтты цыдысты, уым. Аннӕтӕ та дзырдтой, фыдыбӕстӕ сӕ удтӕй чи бахъахъхъӕдта, уыдон нӕмттӕ кӕй хъуамӕ сӕнусон кӕной Ирыстоны алы къуымты дӕр, тохтӕ дзы цыдысты ӕви нӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦырт фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн
памятник защитникам отечества в с.Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цырт фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн
Иудзырдӕй, цырт арӕзт ӕрцыд, рауад тынг рӕсугъд, ӕрмӕст ма йӕ цы ӕнӕад кӕны — иронау йыл иу дамгъӕ дӕр нӕй фыст.

Къудухты Бесикы уынг

Поселокмæ бацæуæны республикон трассæ бахизы Олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты призер, дунейы цыппар хатты чемпион хъæбысхæстæй Къудухты Бесикы уынгмæ. Ленингоры районы Цхилоны хъæуæй рацæугæ дзӕнӕттаг ирон богалы ном уынгӕн схӕлар кодтой 2015 азы. Ацы уынг у централон, ис ыл УУМ-ы районон хайады бæстыхай, Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджыты Управленийы, ресторан "Орел". Уынгыл ма цæуы активон базарад дӕр — фӕд-фӕдыл ныххал сты дуканитӕ. Уынджы райдайӕны, фыццаг хæдзарыл Бесикӕн ӕрӕджы бакодтой мемориалон фæйнæг дӕр. Уый дӕр уырыссаг ӕвзагыл.

Бесикӕн ам ӕрӕджы бакодтой мемориалон фæйнæг дӕр.
Мемориальная доска олимпийскому чемпиону Бесику Кудухову  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бесикӕн ам ӕрӕджы бакодтой мемориалон фæйнæг дӕр.

Скъола æмæ сабидон Ленингоры

Кæронбӕттӕны стадийыл ис районы сабидоны арæзтад. Дыууæуæладзыгон рæсугъд бæстыхай у цæттæ, ныридæгæн ма йӕм ласынц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонггарз. Аразджытæ ма архайынц сабидоны кæрты хæрзарæзтадыл дӕр. Куыддӕр ацы куыстытӕ дӕр кӕронмӕ бахӕццӕ уой, афтӕ объект йӕ дуӕрттӕ бакӕндзӕн районы сывӕллӕттӕн.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСабидоны арæзтад ис кæронбӕттӕны стадийыл.
Строящийся детский сад в поселке Ленингор   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сабидоны арæзтад ис кæронбӕттӕны стадийыл.

Сабидонӕй чысыл фалдæр амайынц уырыссаг скъолайы бӕстыхай дӕр.

"Скъолайы арæзтад ис йæ тæмæны. Планмæ гæсгæ, ахуырадон артдзӕст хъуамæ сцӕттӕ уа ног ахуыры азмӕ", — радзырдта районы хистæры хæдивæг Бараташвили Александр.

Скъола ӕмӕ сабидон Орчъосаны

Ленингоры районы иууыл стырдæр хъæутæй нымад цæуы Орчъосан. Советон дуджы ам тынг размæцыд уыд хъæууон хæдзарад. Абон дæр Орчъосаны, республикæйы аннæ хъæутæм абаргæйæ, ис бирæ фылдӕр цæрджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты 2017 азы Инвестицион программæмæ хаст ӕрцыд хъӕуы сабидон æмæ скъола самайыны пункт.

"Орчъосаны скъолайы ныры бӕстыхай ис мӕгуырау уавӕры. Ахуыр дзы кӕны 60 сывӕллоны. Уыдон иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ног бӕстыхаймӕ. Ног скъола æмæ сабидон уыдзысты иу агъуысты бын, хицæн бахизæнтимæ", — радзырдта районы къухдариуæггæнæг Босыкты Алексей.

Ныридӕгӕн уал скъолайӕн цӕттӕ у йӕ ном — ратдзысты йын ацы районæй рацæугæ разæсгарæг, Советон цæдисы хъайтар Сабанты Григорийы ном. Бӕстыхайы раз хъайтарӕн сывӕрдзысты бюст дæр.

Ерыстау æлдæртты галуан-гæнахӕн ног экспонаттӕ

Ерыстау æлдæртты музей историон бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ арæзт æрцыд XVI- XVII æнусты. Дурæй амад бæрзонд дыууæуæладзыгон бæстыхай бахъахъхъæдта йæ рагон æддаг бакаст. Фыццаг уæладзыгыл уæвæг музейон экспонатты хсæн ис уазнывтæ, рагон хæдзарон дарæс æмæ мигæнæнтӕ — æлыгæй конд мардычырын уæздæттӕн, куырой, къоходзитæ, алыгъуызон сырдты цӕрмттæй конд бæрцуаттæ, дурынтæ, хъуыраутæ, рагон кувæндæтты кæлæнтæ æмæ æндæр цымыдисон æрмæг. Дыккаг уæладзыгыл рагзаманы æрмдзæф къаддæр зыны, ам та фылдӕрбӕрцӕй ис нывгæнджыты рагон куыстытæ.

© Sputnik / Ада БагианЛенингоры музей.
Дом-музей Эриставов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры музей.

Галуаны кусджытæ поселочы цæрджытимæ иумæ, культурон уагдоны къуындæг финансон фæрӕзтӕ хынцгæйæ, сæхи тыхтæй аразынц рагон мигæнæнтæ ӕмӕ сӕ баххӕст кӕнынц музейы фонд. Ныридæгæн цæттæ кӕнынц гутон.

"Хæххон бынаты хуымгæнæн гутон хицæн кæны хуымæтæгæй. Хӕхтыл зæххӕн алæбырынæй тас кæй у, уымæ гæсгæ йæ хуым кæнынц уæлӕнгæйтты. Нæ экспонат ис æвзæр уавæры, йӕ реконструкцийӕн нӕй фӕрӕзтӕ. Хъæуы карджын цæрæг нын амоны, куыд сцæттæ кæнæм гутон, ӕмӕ йӕ аразӕм нӕхӕдӕг. Сæйраг уыд ахæм формæ хъæдӕрмæг ссарын, ныр та йæ хъæуы баццæтæ кæнын æмæ ног гутон тагъд суыдзæн нæ музейы фидынцтæй иу", — радзырдта музейы директор Владимир Гунашвили.

© Sputnik / Фатима ПлиеваБынӕттон цӕрджытӕ сӕхи тыхтӕй цӕттӕ кӕнынц музейӕн ног экспонаттӕ.
Бынӕттон цӕрджытӕ сӕхи тыхтӕй цӕттӕ кӕнынц музейӕн ног экспонаттӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Бынӕттон цӕрджытӕ сӕхи тыхтӕй цӕттӕ кӕнынц музейӕн ног экспонаттӕ.
© Sputnik / Наталья АйрянӔфтыгъд галтӕ арӕх нал фӕндзынӕ Хуссар Ирыстоны.
Ӕфтыгъд галтӕ арӕх нал фӕндзынӕ Хуссар Ирыстоны. - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Ӕфтыгъд галтӕ арӕх нал фӕндзынӕ Хуссар Ирыстоны.
1/2
Бынӕттон цӕрджытӕ сӕхи тыхтӕй цӕттӕ кӕнынц музейӕн ног экспонаттӕ.
2/2
Ӕфтыгъд галтӕ арӕх нал фӕндзынӕ Хуссар Ирыстоны.

"Ӕлутон"

Республикæйы иууыл хъомысджындæр амалиуæгадтæй иу — завод "Ӕлутон" — ис Ленингоры поселочы. Завод фадат дӕтты дон, лимонад æмæ бæгæны уадзынæн, фӕлӕ, хъыгагæн, уымӕн ныр цалдӕр азы дæргъы йæ куыст ныннымæг. Босыкты Алексейы ныхæстæм гæсгæ, сӕйраг проблемӕ у, заводӕн йæ гуырахст тынг стыр кӕй у — ис дзы дыууæ хаххы ӕмӕ дзы алкӕцы дӕр сахаты мидæг уадзы 6 мин авджы. Ахӕм гуырахст продукци та стӕй зын вӕййы республикӕйы мидӕг реализаци кӕнын.

"Цалдæр хатты хъавыдысты амалиуӕгады куыст сног кæнын, фæлæ та цавæрдæр аххосӕгтæм гæсгæ фæкъуыхцы вæййы. Йæ ифтонгад иууылдӕр хъахъхъæд æрцыд æмæ йе ʻскусын кӕнынæн стыр зындзинӕдтæ нæ уыдзæн. Ныр уынаффæ цæуы, цӕмӕй уал дзы фыццаг доны рауагъдад сæндидзын кæной", — радзырдта уый.

Районы куыстхъом адæм æнхъæлмæ кæсынц заводы скусынмæ, уый сын бирӕбӕрцӕй фӕрогдӕр кӕнит сӕ цардуавӕртӕ. Уӕдмӕ та уал Къудухты Бесикы уынгыл дуканитӕ хъӕзныг сты ӕрбаласгӕ продукцийӕ — лимонад "Натахтари" ӕмӕ дон "Боржоми"-йӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0