Хъаугъайаг цырт. Исмелӕн Цхинвалы бынат нӕ разынд

© Плиты ФатимаИсмелы цырт
Исмелы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скульптор Бекъойты Аланы арæзт цырт цалдæр азы дзыназы нывгæнæджы æрмадзы ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, горæты уынгтӕй йын искӕцыйыл кӕд рахицӕн кӕндзысты чысыл бынат. Фæлæ æхсæнады иу хай растад ацы фӕнды ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг зындгонд скульптор Бекъойты Алан сарæзта цырт дзæнæттаг сахъат цхинвайлаг нæлгоймаг Санахъоты Исмелæн. Авторы фæндыд, цӕмӕй цырт сфæлыстаид горæты централон уынгтæй иу. Фӕлӕ ӕхсæнад фæцис дыууæ дихы, иутæ Исмелӕн цырт сӕвӕрыны фӕндыл æмбæлынц райзæрдæйæ, дыккæгтæ та былысчъилтæ кæнынц, йæ хæрæфырттæ та бынтондӕр тобӕ ӕвӕрынц цырт сӕвӕрыныл.

Хистӕр кары адӕмӕй ахӕм нӕй, Санахъоты Исмелы чи нӕ хъуыды кӕны. Цард Цхинвалы, уыд бынтон ӕнӕбахъыгдаргӕ лилипут.

Исмелы цырт горӕты уынгтӕй искӕцыйыл сӕвӕрыны фарст социалон хызӕгты расидт активон дискусситӕ. Иутӕ фыссынц, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны уымæй кады аккагдæр лæг нæ разынд? Ныхмæлæуд хъуыдыйыл хæст адæм та сæ фæнд æмбарын кæнынц афтæ, ома кæд Исмел уæлдай ницы хъуыддаджы расгуыхт, уæддæр мæгуыр, ныллæг, сахъат лæджы зыдта æгас горæт ӕмӕ цас диссаг у, иу цырт ын куы сӕвӕрой, уӕд.

"Хуссар Иры, хъыгагæн, сахъат адæм сæхи сæрибар нæ хатынц. Кæд ацы цырты сæвæрдæй не ʻхсæнады фæива ахаст сахъат адæммæ, уæд æй нымайын иттæг хорз хъуыдыйыл", — загъта Sputnik журналист Пæррæстаты Лана.

Цхинвалы цӕрӕг Хацырты Донат дӕр хъуыды кæны Санахъоты Исмелы сабыр, ӕнӕхъыгдард адæймагæй æмæ йын цырт сæвæрыны фӕнды æвзæрæй ницы уыны.

"Алчидæр æй зыдта, æвзæр лæг дæр нæ уыд, куыста завод "Эмальпровод"-ы. Махмæ цæмæдæр гæсгæ сахъат адæмы нымайынц зондæй цухыл, фæлæ Исмел зондæй уыд æххæст. Æз разы дæр ацы цырт Цхинвалы искӕцы къуымы сæвæрыны идейӕимӕ", — банысан кодта уый.

Скульптор Бекъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы скульптурæты фысым

Ацы инициативæйы ныхмæ цæхгæр рацыд Sputnik иннӕ респондент Наталья, уый нымайы, Хуссар Ирыстоны хъайтарты разæй Исмелæн цырт æвæрын кӕй не ʻмбæлы.

"Ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты хъайтартæн нæ сывæрдтам цыртытæ, 2008 азы хӕсты хъайтартӕн нӕ сывӕрдтам цырт æмæ Исмелы ном уыдон разӕй сæнусон кæнын æз нымайын æппæрццаг фæзындыл", — банысан кодта чызг.

Скульптор йӕхӕдӕг дӕр кæд раздæр бæллыд йæ куыст Цхинвалы къуымтæй иуы фенын, уæд ын ныр уыцы тырнындзинад фесæфт.

"Ацы дам-думтæ æмæ ныхмæлæуд хъуыдыты æндæвдадæй мæм Исмелы хæрæфырттæ фæдзырдтой æмæ бафæдзæхстой, цæмæй цырт горæты ма сæвæрон. Ныридæгæн цæттæ цæуы нывгæнджыты равдыстыты зал æмæ уым сæвæрдзыстæм "Исмелы" дæр. Стæй не ʻхсæнад цæттæдæр куы уа ацы хъуыддагмæ, уæд ын чизоны разына бынат Цхинвалы дæр", — загъта Бекъойты Алан.

Уæдмæ та уал Цхинвалы иууыл зындгонддæр ныллæг лæг Санахъоты Исмелы скульптурæ цæры Бекъойты Аланы æрмадзы иу къуымы.

Ног хабӕртты лентӕ
0