Бренд "BEKOEV" рахызт подиуммæ

© Sputnik / Хох БекоевХох Бекоев
Хох Бекоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг дизайнеры коллекцийы иу хай равдыстой Краснодары модӕйы къуырийы, æххæстæй та йæ æввахс рæстæджы фендзысты Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фыццаг хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох бавдыста Краснодары модæйы къуыри "Krasnodar fashion week"-ы йæ фыццаг коллекци "Наваждение", цы ран сбаста викториайнаг стиль ирон националон мотивтимæ.

Хох Бекъойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бренд "BEKOEV". Фыццаг цхинвайлаг модельер

Дарæсы хъуымац, орнамент æмæ дыстæ аразгæйæ нывгæнæг иста удцырын рагон ирон дарæсæй.

Дизайнер бавдыста йæ фыццаг фæззæг-зымæг 2017-2018 коллекци "BEKOEV — collection"-æй 20 look-ы. Ноджы ма 30 комплекты æнхъæлмæ кæсынц подиуммæ рахизынмæ, се ‘хсæн чындзы æмæ бæрæгбонон къабатæ.

Коллекци фылдæр бæрцæй конд у урс-сау хуызты, дарæс у натуралон æмæ аразгæ хъуымацæй.

"BEKOEV-collection" ис 50 look-ы, фæлæ модæйы къуырийы домæнтæм гæсгæ фадат фæцис равдисын уыдонӕй æрмæстдæр 20. Хорз тæлмæнтæ мыл ныууагъта мæ фыццаг фæлтæрддзинад, профессионалон модельты æмæ подиумы фæсчъылдымы кусджыты архайд. Базонгæ дæн модæйы дунейы архайджытимæ куыд Уæрæсейæ, афтæ дард фæсарæнтæй дæр", — радзырта Хох Бекъойты.

Æдæппæтæй, Хохы ныхӕстӕм гӕсгӕ, модӕйон равдысты хайад райстой 26 дизайнеры. Бирæ хорз аргъгæндтæ ирон модельер райста йӕ италиаг æмæ уæрæсейаг коллегӕтæй.

"Ныридæгæн коллекци æххæстæй равдисын фæнд кæнын Цхинвалы. Хъæуы бæстыхай, цы ран уыдзæн хорз хъуысынад, рухс æмæ уæрæх бынат. Ацы равдысты фенæн уыдзæн, Краснодары модæйы къуырийы цы бавдыстон, уыцы луктæ æмæ æхсæнад нырма цы нæ федта, ахæм бæрæгбонон æмæ чындзы къабатæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

© Sputnik / Хох БекоевБренд "BEKOEV" рахызт подиуммæ
Показ коллекции Хоха Бекоева в Краснодаре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бренд "BEKOEV" рахызт подиуммæ

Дизайнер кæд нымайы, зӕгъгӕ, иууыл рæсугъддæр чызджытæ Цхинвалы ис, уæддæр модельтæ фæнд кæны æрхонын дзæуджыхъæуккаг агентад "Shik models"-æй.

"Профессионалон модельтæ æрхондзыстæм равдыстмæ, уыдонмæ ма бамбал уыдзысты бынæттон рæсугъдтæ, кæцытæй мæ ныфс ис, кӕй сарæхсдзысты ацы хъуыддаджы", — дзуры йæ фӕндтыл Хох.

Бренд "BEKOEV"- ы дарæсы конд адæмы Цхинвалы уынгты фенæн уыдзæн фæстæдæр. Нырма дарӕс сты иугай экземплярты. Равдысты фæстæ цӕрджытӕн уыдзӕн фадат уыдонӕй балхӕнынӕн.

Бекъойты Хохы коллекци модæйы къуыримæ бавдыстой парти "Иугонд Ирыстон"-ы раздзог Бибылты Анатолийы (кӕцы 9 апрелы рамбылдта президентон ӕвзӕрстытӕ) финансон æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0