Мӕнг коллаборационист – Колыты Инал

© Sputnik / Фатима ПлиеваИнал Колиев
Инал Колиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны террористон фӕндтӕ раргом кӕныны тыххӕй, Колыты Иналы спырх кодтой йӕ хӕдтулгӕйы 2008 азы хӕсты агъоммӕ. Лӕппу фесӕфта йӕ дыууӕ къах дӕр ӕмӕ райста уӕззау цӕфтӕ, ныридӕгӕн хӕстагъоммӕйы хъайтар у ӕгуыст ӕмӕ цӕры пенсийы ′вджид

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Плиты Фатима. Раздӕры Паддзахадон ӕдасдзинады ӕнӕштатон кусӕг, паддзахадон хорзӕхты кавалер Колыты Инал 2007 азы бааууон кодта Цхинвалы цалдӕр терактӕй йӕ ӕнӕниздзинад ӕмӕ саст хъысмӕты аргъӕй, хӕсты радон мысӕн бонты Колыты Инал радзырдта Sputnik дӕс азы размӕ ӕрцӕугӕ цаутыл ӕмӕ цы фӕивтаит царды 2007 азмӕ куы раздӕхтаид, уыдӕттыл.

© Sputnik / Наталья АйриянКолыты Инал йӕ хиуӕттимӕ
Инал Колиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Колыты Инал йӕ хиуӕттимӕ

 

2008 азы хӕстагъоммӕ цауты хъайтар Колыты Инал цӕры Цхинвалы кӕрон хуссарирыстойнаг Шанхайы. Йӕ бинойнаг Залинаимӕ хъомыл кӕнынц дыууӕ фырты — 11-аздзыд Георгий ӕмӕ 3-аздзыд Ромайы. Иналы ном Ирыстоны айхъуыст 2007 азы. Хӕсты агъоммӕ бынӕттон ӕмӕ уӕрӕсейаг каналты эфиры уый раргом кодта гуырдзиаг спецслужбӕты фӕндтӕ Цхинвалы къорд теракты саразыны фӕдыл. Гуырдзыстоны фарс, йӕ фыдракӕндтӕ кӕй фӕрцы фӕнд кодта саразын, ууыл райдыдта цуан кӕнын. Колыты Инал, Гуырдзыстоны æрдыгæй маст исыны фӕндтӕ зонгӕйӕ, цалдӕр мӕйы арвыста Цӕгат Ирыстоны, рахицӕн ын ӕрцыдысты хъахъхъӕнджытӕ, фӕлӕ йӕ уый дӕр нӕ аирвӕзын кодта гуырдзиаг мастисджытӕй.

Срӕмыгъд фӕдих кодта Колыты Иналы цард, 26 — аздзыд лӕппу 2008 азы 23 марты теракты райста уӕззау цӕфтӕ, фесӕфта дыууӕ къах дӕр. Ныридӕгӕн цӕуы протезты ӕнцой, кӕцытӕн сӕ рӕстӕг ацыд ӕмӕ сӕ хъӕуы раивын.

© Из личного архива Инала КолиеваКолыты Георгий ӕмӕ Рома
Инал Колиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Колыты Георгий ӕмӕ Рома

"Протезты фæкъæдзгæнæнтӕ ныххафтысты, йӕхӕдӕг дӕр зынгӕ фӕмӕллӕг ӕмӕ йын сӕ зын у цӕуын. Бӕргӕ хорз уаид ногтӕй сӕ куы раивиккам, фӕлӕ уый зынаргъ лӕууы. Ныридӕгӕн бӕллӕм, цӕмӕй протезтӕн сӕ уӕрджытӕ раивӕм. Ӕгӕрстӕмӕй президентмӕ дӕр бахатыдыстӕм ӕмӕ нӕ ныфс ис, нӕ къух нын кӕй сараздзӕн", — дзуры йӕ хо Иза.

Колыты Инал 2004 азы Хуссар Иры ПӔК-ы амындмӕ гӕсгӕ, сразы ис Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты ӕмгуыстады ӕнхъарӕныл.

"Агуырдтой Гуырдзыимӕ бастдзинӕдтӕ цы бинонтӕн уыд ахӕмты, мӕнӕн мӕ мад у гуырдзиаг. Ӕвӕццӕгӕн, ӕрмӕст мӕнмӕ нӕ цыд Гуырдзыстоны ′рдыгӕй ӕнхъарӕнтӕ, фӕлӕ се‘ппӕт ПӔК-мæ нӕ бацыдысты. Рӕгмӕ сразы дӕн, ӕмбӕрстон ацы ӕмгуыстады ӕппӕт хъӕндзинӕдтӕ, фӕлӕ тарстӕн куы ссардтаиккой ахӕмты, кӕцытӕ сӕххӕст кодтаиккой сӕ ӕнаккаг фӕндтӕ. Афтӕ райдыдта мӕ дывӕр цард", — мысы Инал.

© Из личного архива Инала КолиеваКолыты Инал йӕ фырттимæ
Инал Колиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Колыты Инал йӕ фырттимæ

Гуырдзиаг сæрмагонд службӕтӕ бирӕ рӕстӕг фӕлвӕрдтой мӕнг коллаборационисты, фыццаг рады уый иста рог хӕслӕвӕрдтӕ.

"Хуымӕтӕг хӕслӕвӕрдтӕ истон, искӕй цӕрӕн бынат рабӕрӕг кӕнын, хӕдзары номыр базонын. Фӕстӕдӕр хъуамӕ алидзын кодтаин раздӕры юстицийы министр Пӕррӕстаты Аланы ахӕстонӕй, уый фӕстӕ хъуамӕ сарӕзтаин срӕмыгъд Хъахъхъӕнынады министрады складты, иууыл фӕстагмӕ раргом кодтой сӕ сӕйраг нывӕзт — Цхинвалы хъуамӕ сарӕзтаин теракттӕ, уыдон та бацахстаиккой горӕт", — зӕгъы Колыты Инал.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуырдзыйы фӕндтӕ куы сӕххӕст уыдаиккой, уӕд хъуамӕ сӕдӕгай адӕймӕгтӕ бабын уыдаиккой терактты, зиӕнтты нымӕц уыдаид августы хӕсты бабынуӕвджытӕй фылдӕр. Ӕмӕ уӕд рахастӕуыд уынаффӕ раргом кӕнын сӕ пълӕнтӕ. Ацы хъусинӕгты фӕстӕ Иналы хъавыдысты адавынмӕ, тӕссаг уыд йӕ цардӕн, рахицӕн ын ӕрцыд хъахъхъӕнджытӕ, фӕлӕ йӕ уӕддӕр спырх кодтой 2008 азы 23 марты Знауыры районы Оконайы хъӕуы.

"Цы лӕппу мӕм радта сӕн рæмудзæн ӕрмӕгимӕ, уымӕй мӕхи хызтон, хуымӕтӕг сӕн кӕй нӕу, уый дӕр ӕмбӕрстон. Рагуалдзӕгмӕ æнӕкӕсгӕйӕ уыд хъарм бон, хъӕуы змӕлыд бирӕ адӕм, уымӕ гӕсгӕ рахызтӕн хъӕуӕй ӕмӕ уым райстон ацы сӕн хӕдтулгӕйӕ, фӕлӕ дарддӕр аскъӕрыны рӕстӕг нал фӕцис — анæрыд срӕмыгъд", — бафтыдта уый.

Уый сӕтты, ӕппынӕдзух тасӕй кӕй бафӕллад ӕмӕ сразы ис йӕ хъысмӕтыл.

"Бафӕлладтӕн. Фидарӕй йӕ зыдтон, афтӕ мӕ кӕй нӕ ныууадздзысты ӕмӕ сразы дӕн мӕ хъысмӕтыл. Тарстӕн мӕ бинонтӕн, мӕ лӕппу уыд бынтон чысыл. Чысыл хъӕлӕбамӕ-иу ныхъхъус дӕн", — загъта уый.

Афæдзы размӕ Колыты Иналӕн амард йе‘фсымӕр, уымӕн дӕр баззад ӕнахъом сабитӕ. Лӕппу йӕхӕдӕг 2007 азӕй фæстæмæ никуы кусы, республикӕйы та сахъхъат адӕмӕн ӕххусы программӕтӕ ницы ис. Исы ӕрмӕст социалон пенси, йӕ фидар кӕныны рӕстӕджы ПӔК ӕмӕ уый агъоммӕ МХМ ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты куысты æзтæ нымад не‘рцыдысты. Проблематӕм ӕнæкӕсгӕйӕ, хӕсты агъоммӕ хъайтар райгуырӕн бӕстӕн цы балæггад кодта, ууыл ӕмӕ йӕ архайдыл нӕ фӕсмон кӕны.

"Фӕсмон ницӕуыл кӕнын, фӕлтӕрддӕр куы уыдаин, уӕд хуыздӕр архайдтаин ӕвӕццӕгӕн, фӕлӕ ма ныр  цы ис саразӕн?.. Ныр мӕ сӕйраг хӕс у мӕ фыртты сӕ къахыл слӕууын кӕнын. Хистӕр Георгий ахуыр кӕны иттӕг хорз, фӕнды йӕ спортмӕ бацӕуын, нырма нӕ фадӕттӕ сты къуындӕг. Уый дӕр фидӕны бӕллы барадхъахъхъӕнӕг органты кусын", —балхынцъ кодта Инал.

Ног хабӕртты лентӕ
0