Цыппар иунæджы

© Sputnik / Фатима ПлиеваЛенингор, иунæг сылгоймаг
Ленингор, иунæг сылгоймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы иууыл дæрддзæфдæр районы – Ленингоры цæры цыппар карджын иунӕг адæймаджы. Уыдон адунейыл баззадысты иунæгæй сæ низимæ. Ӕххуысы къух сӕм фӕдаргъ кӕны Ӕппæтадæмон сырх дзуары комитеты (ӔСДК) цхинвайлаг мисси. Сӕ цардуаг бацымыдис кодта Sputnik дӕр

Тристаны æппынӕдзух мæйдар

Ленингоры поселокæй чысыл мидæгдæр ис хъæу Раздæхæн. Ам фæндаджы дæлбыл къупп дары 1962 азы арæзт ныллæг хæдзар. Бæстыхаймæ кæны уынгæг уырдыг къахвæндаг. Кæлæддзаг хæдзары зыбыты иунæгæй цæры саугуырм ацӕргӕ лæг Гогичашвили (Годжысаты)Тристан. Хæдзарон мигæнæнæй йæм ис æрмæстдæр рагон дыууæ æфсæн сынтæджы æмæ дыууæ хъӕдын фынджы, афтӕ ма рагон скъапп, йӕ уӕлӕ Сталины портрет, афтӕмӕй. 21 æнус ардæм нырма бынтондӕр нӕ фæхæццæ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваГогичашвили Тристан
Жители Ленингора и красный крест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гогичашвили Тристан

Ногдзинадæй Тристанмӕ ис æрмæстдæр хуыссæнтæ, кæцытæ йын балæвар кодтой Сырх дзуары бынæттæон мисси. Дыууæхатæнон хæдзары дымгæ зилдух кæны, агъуысты зыхъхъыртæй хуры рухс кæлы. Кæд ма хæдзар уӕддӕр батавы хуры хъарм, уæд Тристанæн йӕхи хур та ангуылд 1976 азы, йæ фырт Георгий куы фӕмард, уæд.

"Мæ фырт куы амард, уымæй фæстæмæ мæ цард фæстæмæ ацыд. Абон дæр æй мысын. Уый фæстæ аивгъуыдтой иугай мӕ бинонтӕ иууылдӕр", — дзуры уый.

Фæлæ йын цыма уый дӕр фаг нӕ уыд – лæг куы загъта, зӕгъгӕ, йӕ царды стырдæр бæллæхтæ кӕй бавзӕрста иууылдӕр, уæд та йæм æрбахоста ног ӕнамонддзинад.

"Куыстон Рустауы химикон заводы. Иуахӕмы дзы ӕрцыд срæмыгъд æмæ уым басыгътæн. 1985 азы æртæ мæйы хуыссыдтæн Мæскуыйы рынчыдоны, цармы трансплантацитæ мын сарæзтой цалдæр хатты, фæлæ мæ цæстытæн баххуыс ницæмæйуал уыд гæнæн. Саугуырм бадӕн", — мысы Тристан.

Агъуыст, суг æмæ кæрчытæ

Лæг куырмæй цæры ныр 30 азæй фылдæр æмæ æрцахуыр ис ахæм цардыл. Йæ хæдзары кæцы къуымы цы ис, уый зоны, ныццæуы суадонмæ, араст вæййы дард балцыты дæр, хæларзæрдæ æмбæлццонтыл фембæлыны ныфсимæ.

Тристан йæхæдæг йæ хъысмæтыл сарзы, æмбары, цы фæнды дæсны дохтыртӕ дæр уымæн адунейы ирд ахорæнтæ кӕй нал равдисдзысты. Бæллы æрмæстдӕр æнӕтӕдзгӕ агъуыстмæ, кæрчытæ скæнынмӕ, Хуссар Ирыстоны æмбæстагад райсынмӕ æмæ уазал зымæджы сугты хицау суæвынмæ.

"Сырх дзуары комитет мын æрвылкъуыри хæссы дзул, аххуыс кæны æндæр хæлцадæй. Мæ пенси исынмæ дæр нал ацæудзæн Гуырдзыстмæ. Ирон лæг дæн, фæлæ мын Ирыстоны паспорт нæй. Стæй чи ʻрзилдзæн мæ бæсты документтыл. Цхинвалы та Советон дугæй фæстæмæ нал уыдтæн", — катай кӕны нӕлгоймаг.

© Sputnik / Фатима ПлиеваГогичашвили Тристан
Жители Ленингора и красный крест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гогичашвили Тристан

Иунæг зӕронд нӕлгоймаджы кæуинаг хъысмæт никӕй тыхсын кæны. Уый тынг бузныг у стæм уазджытæй – йæ сыхаг хæлæрттæ æмæ ÆСДК кусджытæй. Æрмæст уыдон бабӕрæг кæнынц Тристаны. Гуырдзыстоны ма йын иу фырт кæй ис, уый кой лæг нæдӕр кæны.

"Ис ын Гуырдзыстоны фырт, фæлæ йæ нæ бæрæг кæны. Йæхæдæг-иу æм ныццыд, уым иста песи дæр, фæлæ рынчын лæг йæ зæнæджы дæр нал хъæуы. Йæ пенсимæ йын кæсынц æрмæстдӕр æвæццæгæн. Ныр зæгъы, пенсимæ дæр кӕй нал ацæудзæн", — дзуры сыхаг лæг Асаты Лери.

Тристаны баййафтæм фынджы уæлхъус, йе "мгæрттæ Лери æмæ Куымæллæгаты Юрийимæ куывтой ног агъуысты сырӕзтӕн. Нырма уал та хæдзары къуымты æмæ сынтæджытыл æвæрд сты донæмбырдгæнæн мигæнæнтæ.

"Хъæусоветы бæстыхайы агъуыст раивтой æмæ ныфс бавæрдтой зæронд шифер махæн раттынӕй. Ацы мæгуыр лæгæн дзы сом йæ хæдзары агъуыст æмпъуздзыстæм ӕмæ кæдæй уæдæй къæвдайы бын нал уыдзæн. Абон та ацы æхсызгон цау нысан кæнæм", — бамбарын кодта Лери.

Æртæ иунæг сылгоймаджы

Хыбиаты Ермоня, Гулиты Бабули æмæ Базуашвили Нанули — ӕртæ сылгоймаджы дæр цæрынц иунгæй. Ермоня æмæ Бабули æрцардысты раздæры рынчындоны бæстыхайы. Нанули та цæры йæ хæстæджыты хæдзары иу къуымы.

© Sputnik / Фаима ПлиеваЛенингор, иунæг сылгоймаг
Жители Ленингора и красный крест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингор, иунæг сылгоймаг

Ермоня лæдзæджы æнцой дæр рæстмæ нæ фæразы цæуы, æвзæр уыны цæстæй. Пенсийы муртæ не ʻххæссынц йæ хостыл дæр, стæй йын дуканийæ дзул чи схæсса, уый дæр арӕх нæ вæййы.

"Куыстон интернаты, хæдзармæ рады лæууыдтæн, фæлæ уæдмæ цæдис ныппырх ис æмæ мӕнæ ацы къуыммæ æрхаудтæн. Сырх дзуары комитеты чызджыты мын, мæ уæззау хъысмæтмæ кæсгæйæ, Хуыцау рахицæн кодта вæццæгæн, æндæра куыд цардаин", — дзуры Ермоня.

Сырх дзуары кусджытæ абон дӕр сылгоймагмӕ фæуазæг сты лæвæрттимæ, дзулæй дарддæр ма йын æрбахастой хуыссæнты цъæрттæ. Миссийы кусджытæ ахæм иунæг адæмæн кæнынц æрвылкварталон æххуыс хæлцадæй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСырх дзуары минæвæрттæ
Жители Ленингора и красный крест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх дзуары минæвæрттæ

Ермоняимæ иу агъуысты бын цæры Бабули дæр. Ацы сылгоймагæн кæд зæнæг дæр ис, уæддæр ис рохуаты, иунæгæй дзыназы æмæ катай кæны, ацы уаззал къуымы та йæ зымæг куыд арвитдзæн, ууыл.

Нанулийы дыккаг цард

Дыууæ сылгоймагæй тыхстдæр уавæры ис рынчын сылгоймаг Базуашвили Нанули. Эпилепсийы фæхъызты рæстæджы уый ахуаудта тæвд пецыл æмæ басыгъд.

Ӕрдæгмардæй ӔСДК куысджытæ Нанулийы ссардтой иунӕгæй фыдæбонгæнгæйæ æмæ йын районы социалон службæты æххуысæй балæвар кодтой дыккаг цæрæнбон.

"Февралы мæйы йæ нæ кусджытæ ссардтой эпилепсийы фæхъызты фæстæ сыгъдæй. Районы социалон службæтæ йӕ бакодтой рынчындонмæ æмæ уым цадæггæй сфидар ис. Сылгоймаг кæд Гуырдзыстоны æмбæстаг у, уæддæр æй бахастой рынчынты нымæцмæ æмæ æнаргъæй исы эпилепсийы хостæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ та йæ ракæнынц рынчындонмæ æмæ уым рацæуы хосгæнæн курс", — радзырдта ӔСДК кусæг Цъæритты Ада.

Ацы цыппар зӕронд адӕймаджы сты иу уавӕры, иугъуызон мӕгуыр ӕмӕ рохуаты ӕгӕрыстӕмӕй сӕ хъӕбултӕй дӕр. Чизоны ма сын цы цардыбонтӕ баззад, уыдон фӕрогдӕр ӕмӕ райдзастдӕр кӕнын искæй бафæнда.

Ног хабӕртты лентӕ
0