Ирон теннисисткӕтӕ ссисты дунейон турниры уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Турнир по настольному теннису имени Омара Кварчия, фото с места событияТурнир по настольному теннису имени Омара Кварчия
Турнир по настольному теннису имени Омара Кварчия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг теннисисткӕтӕ рамбылдтой дыууӕ майданы ӕмӕ "Уӕлахизмӕ тырнындзинады" приз.

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсменткӕтӕ теннисы дунейон турнирӕй Абхазӕй ӕрыздӕхтысты иу сыгъзӕрин ӕмӕ иу бронзӕйон майданимӕ, фехъусын кодтой Sputnik РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйӕ.

Абхазы теннисы федерацийы фыццаг президент Омар Кварчияйы номарӕн VIII дунейон ерыстӕ уагъд цыдысты июлы кӕрон Сухумы.

"17 аздзыд спортсменты ӕхсӕн уӕлахиздзау ссис Елбачиты Ирина, 13 азы онг кары теннисисткӕты ӕхсӕн та ӕртыккаг бынат бацахста Кокойты Аманда. Уыдонӕй дарддӕр ма ерысты сӕхи аккаг равдыстой Джиголаты Алана ӕмӕ Диана дӕр. Дианайы бацис "Уӕлахизмӕ тырнындзинады" приз ", — радзырдта комитеты пресс-секретарь Хуриты Батрадз.

Ӕвзонг теннисисткӕты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Уалыты Ирина, Кӕсойты Изета ӕмӕ Бекойты Эдвард.

Теннисӕй ерыстӕ Абхазы ацыдысты бӕрзонд ӕмвӕзадыл, Хуссар Ирыстоны спортсментӕй дарддӕр ма дзы хайад райстой Цӕгат Кавказы республикӕтӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы бирӕ регионты минӕвӕрттӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0