Чи мӕллӕг кӕнынмӕ, чи та хос кӕнынмӕ…

© Sputnik / Ада БагианТренжерон зал
Тренжерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕрды къӕсӕрыл Цхинвалы фӕд-фӕдыл фӕзынд дыууӕ тренажерон залы - "DEV" ӕмӕ "Король". Фӕсивӕд ныууагътой стадион, тулдзы къох ӕмӕ горӕты цады алыварс дугътӕ кӕныны хъуыддаг ӕмӕ сӕ тыхтӕ радтой тренажертыл сӕ физикъон цӕттӕдзинад фидар кӕнынмӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы тренажерон залтӕ фӕзындысты ацы аз, цыбыр ӕмгъуыдмӕ уыдон фӕсивӕды ӕхсӕн ссисты тынг популярон. Sputnik уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта, цы кары адӕм цӕуынц фылдӕрбӕрцӕй залтӕм ӕмӕ сын цавӕр спортивон-хосгӕнӕн процедурӕтӕ райсыны фадат ис.

Тренажертӕм цӕуын сӕ хӕсыл банымадтой куыд лӕппутӕ, афтӕ чызджытӕ дӕр, ӕвзӕнгтӕ дӕр ӕмӕ карджын адӕм дӕр, цӕрдӕг, фидар ӕмӕ се ‘нӕниздзинад хуыздӕрхъуаг кӕмӕн у, уыцы адӕм. Ам цхинвайлӕгтӕ хуыздӕр кӕнынц се ‘нӕниздзинад, хъæддых буар, хæцъæфтӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕсугъд ӕддаг бакаст.

Цхинвалы фыццаг тренажерон зал фӕзынд уалдзӕджы. Сталины уынджы иу бӕстыхайы ныккӕнды арӕзт ӕрцыд бирӕхуыз тренажертӕй ифтонг зал "Король", цыран ӕмрӕстӕджы, кӕрӕдзи ӕнӕхъыгдаргӕйӕ, сӕ бон у ӕмӕ архайой 16 адӕймаджы. Ацы зал у ӕрмӕстдӕр сылгоймӕгты. Цы хæцъæфтӕ дӕ сфидар кӕнын фӕнды, уымӕ гӕсгӕ тренер ӕвзары алы адӕймагӕн дӕр индивидуалон программӕ.

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæТренер ӕвзары алы адӕймагӕн дӕр индивидуалон программӕ.
Спортивно-оздоровительный комплекс Janinn Fitness - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренер ӕвзары алы адӕймагӕн дӕр индивидуалон программӕ.

"Кусы нӕм, сӕрмагонд ахуырад кӕмӕ ис, ахӕм тренер — Быценты Андрей. Уый алкӕцы адӕймагӕн дӕр саразы индивидуалон программа ӕмӕ сӕ цӕттӕ кӕны уымӕ гӕсгӕ. Залмӕ цӕуынц низджын адӕм дӕр, кӕцытӕ нӕм ӕрбафтынц дохтырты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, хоскӕныны сӕраппонд. Сӕ уавӕр хынцгӕйӕ сын ацы хӕрзиуӕг сарӕзтам ӕнӕаргъӕй", — радзырдта Sputnik залы администратор Козаты Алена.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, клиентты фылдӕрбӕрц сты 26-40 азы кары адӕм, фӕлӕ "нӕм ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбацыдысты, 60 азӕй чи ахызт, ахӕм сылгоймӕгтӕ дӕр".

"Залы цӕттӕ кӕныны аргъ иу адӕймагӕн мӕйы дӕргъы лӕууы 2000 сомы онг, цы рӕстӕг равзарай, уымӕ гӕсгӕ. Фӕскуыст чи цӕуы, уыдонӕн лӕууы зынаргъдӕр, райсомӕй изӕры фондз сахаты онг чи цӕуы, уыдонӕн та сӕ мӕйы аргъ у 1600 сомы", — банысан кодта администратор.

Цхинвалы иннӕ тренажерон зал "DEV" адӕмы ӕрдон миниуджытӕй не ‘взары. Ам физикъон ӕгъдауӕй сӕхи цӕттӕ кӕнынц ӕмрӕстӕджы сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Тренер Уалыты Кристинайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ клиентты иу хай сты профессионалон спортсментӕ.

"Уыдонӕн "DEV"-мӕ хӕстӕг фӕстӕдӕр фӕзындзӕн хицӕн зал, фӕлӕ уал ныр атлеттӕ дӕр ам фидар кӕнынц сӕ цӕттӕдзинад. Ис нӕм боны ӕмӕ изӕры абонемент. Боны абонементы аргъ у 2,5 мин сомы, изӕры та — 3 мин сомы. Фӕлӕ изӕры абонемент дӕтты уæлидзинад — дӕ бон у ӕмӕ цыфӕнды рӕстӕджы дӕр бацӕуай залмӕ", — банысан кодта тренер.

© Sputnik / Ада БагианТренажерон зал "DEV"
Тренажерный зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренажерон зал "DEV"

Уалыты Кристина ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй сылгоймӕгтӕ тренажертӕм фылдӕр цӕуынц мӕллӕг кӕныны сӕраппонд, нӕлгоймӕгтӕ та хæцъæфы массӕ растыр кӕнынмӕ.

Дзугаты Дзерассӕ тренажертӕм бацыд йӕ фигурӕ фӕрӕсугъддӕр кӕнынмӕ. Уый тыххӕй Дзерассӕ фӕнд кӕны йӕхи смӕллӕг кӕнын ӕмӕ йӕ пресс сфидар кӕнын. Фыццаг ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕ, тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзонг чызг банкъардзӕн тагъд рӕстӕджы — иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0