Цхинвайлаг ӕвзонг волейболисткӕтӕ Мӕздӕджы турниры равдисдзысты сӕ цӕттӕдзинад

Волейбол
Волейбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕздӕджы чызджыты ӕхсӕн турниры хайад райсдзӕн Тренер Цхуырбаты Вадимы командӕ "Амонд". Ерыстӕ цӕудзысты цыппар боны дӕргъы.

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Цхинвайлаг чызджыты командӕ "Амонд" хайад райсдзӕн Цӕгат Ирыстоны адӕмты иудзинады боны цытӕн турниры волейболӕй, фехъусын кодтой Sputnik РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Турниры архайдзысты 2000-2004 ӕзты гуырд спортсментӕ. Ерыстӕ цӕудзысты цыппар боны дӕргъы Мӕздӕджы.

"Нӕ спортсменты ӕмрӕнхъ ерысты архайдзысты Кисловодскы, Лермонтовойы, Прохладныйы, Ростов-на-Дону ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хицӕн горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты командӕтӕ", — банысан кодта уагдоны пресс-секретарь Софа Исаакян.

Адӕмты иудзинады боны цытӕн чызджыты ӕхсӕн волейболы традицон турнир Мӕздӕджы цӕудзӕн 29 октябрӕй 2 ноябрмӕ. Хуссар Ирыстоны командӕ "Амонд"-ы цӕттӕ кӕны тренер Цхуырбаты Вадим.

Ног хабӕртты лентӕ
0